Ezekiel 36
Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд Израилы хӕхтӕн
1Адӕймаджы фырт! Израилы хӕхтӕн рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! 2Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фыдгул сымахӕй афтӕ кӕй зӕгъы: „Ӕгъа! Израилӕн мыггагмӕ цы бӕрзӕндтӕ рардӕуыд, уыдон мах исбон баисты“, зӕгъгӕ, 3уый тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алырдыгӕй уӕ гӕныстон кӕнынц, лӕбурынц уӕм, цӕмӕй иннӕ адӕмты амӕттаг бауат, уӕ фыдгой кӕной ӕмӕ уыл худой. 4Уый тыххӕй, Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ алыварс адӕмты амӕттаг чи баци ӕмӕ уыдонӕн хынджылӕггаг чи сси, уыцы хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн, дӕлвӕзтӕн, гӕныстон хӕлддзӕгтӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг сахартӕн 5афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ маст пиллон уагъта, афтӕмӕй Ӕз дзырдтон иннӕ адӕмты ныхмӕ, уыимӕ ӕппӕт Едомы ныхмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх бакодтой сӕ исбон, цинӕй райгӕйӕ ӕмӕ ӕлгъгӕнгӕйӕ». 6Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн Израилы тыххӕй ӕмӕ зӕгъ хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз ацы ныхас мӕстӕй судзгӕйӕ дзурын, уымӕн ӕмӕ адӕмтӕн хынджылӕггаг систут. 7Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз Мӕ къух хӕрдмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон, уӕ алфамбылай адӕмтӕн сӕ хынджылӕг сӕхи ныхмӕ кӕй фӕуыдзӕн, уый тыххӕй. 8Сымах та, Израилы хӕхтӕ, рауадздзыстут уӕ къабузтӕ ӕмӕ Мӕ адӕм Израилӕн дӕтдзыстут уӕ дыргъ, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕхджы ӕрбацӕудзысты. 9Ӕз уӕм раздахдзынӕн Ме’ргом, ӕмӕ уӕ бахуым кӕндзысты ӕмӕ байтаудзысты. 10Сымахыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм — ӕппӕт израилӕгты. Уыдон сахарты ӕрцӕрдзысты ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ рацараздзысты. 11Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 12Ӕрбакӕндзынӕн уӕм Мӕ адӕм Израилы, ӕмӕ уын уыдон ӕлдариуӕг кӕндзысты. Сӕ исбон бауыдзыстут ӕмӕ сын сӕ зӕйц нал сафдзыстут. 13Дунедарӕг Хуыцау зӕгъы: афтӕ уын кӕй фидис кӕнынц, сымах адӕмы ныхъуырут ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц сафут, зӕгъгӕ, 14уымӕ гӕсгӕ нал ныхъуырдзыстут адӕмы ӕмӕ сӕ зӕйц нал сафдзыстут уӕ адӕмӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 15Уӕд уыл адӕмтӕ нал худдзысты, фидистӕ уын нал кӕдзысты ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц дӕр нал сафдзыстут уӕдӕй фӕстӕмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. 16Дунедарӕг мын загъта: 17«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм сӕ зӕххыл куы цардысты, уӕд ӕй фӕчъизи кодтой сӕ митӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй. Сӕ царды уагӕй фӕчъизи кодтой сӕхи дӕр, сылгоймаг йе’рвылмӕйон туг цӕуыны заман куыд чъизи вӕййы, уыйау. 18Ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырстон, уыцы зӕххыл туг кӕй ныккалдтой ӕмӕ йӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уый тыххӕй. 19Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. 20Цы адӕмтӕм фӕцыдысты, уыдоны раз Мын фегад кодтой Мӕ уаз ном, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмтӕ дзырдтой: „Дунедарӕджы адӕм сты адон, Йӕ зӕххӕй сӕ фӕсырдтой.“ 21Ӕз бахъынцъым кодтон, израилӕгтӕ цы адӕмтӕм бацыдысты, уыдоны раз Мын Мӕ уаз ном кӕй фегад кодтой, уый тыххӕй. 22Уымӕ гӕсгӕ Израилы адӕмӕн фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕм, сымах тыххӕй нӕ, фӕлӕ Мын, ӕцӕгӕлон адӕмтӕм бацӕугӕйӕ, кӕй фегад кодтат, уыцы уаз номы сӕраппонд ахӕм хъуыддаг бакӕндзынӕн. 23Ӕз ногӕй скадджын кӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты раз Мын кӕй фегад кодтат, Мӕ уыцы стыр ном. Ӕцӕгӕлон адӕмты раз уын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд уыдон базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 24Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ. 25Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе’ппӕт гуымирытӕй. 26Ӕз уын ратдзынӕн ног зӕрдӕ, ног уд уын бавӕрдзынӕн уӕ мидӕг. Уӕ риуӕй уын дур зӕрдӕ райсдзынӕн ӕмӕ уын сӕрныллӕг зӕрдӕ ратдзынӕн. 27Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ. 28Ӕрцӕрдзыстут, уӕ фыдӕлтӕн уын цы зӕхх радтон, ууыл ӕмӕ суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн уӕ Хуыцау. 29Фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уе’ппӕт чъизитӕй, ратдзынӕн уын хор ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй стонг ма ӕвзарат. 30Сбирӕ кӕндзынӕн дыргъ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад дӕр, цӕмӕй уын уе стонджы тыххӕй мауал фидис кӕной ӕцӕгӕлон адӕмтӕ. 31Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе’лгъаг миты аххосӕй. 32Мӕн фӕнды, цӕмӕй зонат: сымах сӕраппонд нӕ кӕндзынӕн ацы хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Израилы адӕм, уӕ цӕсгом фыр ӕфсӕрмӕй судзӕд уӕ фыдракӕндты аххосӕй. 33Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уӕ тӕригъӕдтӕй уӕ куы ссыгъдӕг кӕнон, сахарты уӕ куы’рцӕрын кӕнон ӕмӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй арӕзт куы’рцӕуой, 34гӕныстон зӕхх куыстгонд куы цӕуа, йӕ рӕзты цӕуӕг фӕндаггӕттӕ йӕ куыд уыной, афтӕ, 35уӕд уыдон зӕгъдзысты: „Ацы гӕныстон зӕхх Едемы дыргъдон фестади; хӕлд, гӕныстон ӕмӕ пырх сахартӕ дӕр ногӕй рацарӕзтой ӕмӕ адӕмӕй байдзаг сты“. 36Ӕмӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ баззайа, уыдон базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, пырх цы уыд, уый ногӕй кӕй аразын ӕмӕ, гӕныстон цы уыд, уым бӕлӕстӕ кӕй садзын. Ӕз, Дунедарӕг, бакӕндзынӕн, цы загътон, уый». 37Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау. 38Йерусалимы йӕ бӕрӕгбӕтты заман нывондаг фос куыд бирӕ вӕййынц, уыйау адӕмӕй байдзаг уыдзысты раздӕры пырх сахартӕ. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Copyright information for
OssIBT2022