Ezekiel 37
Рагуац хус стджыты тыххӕй
1Дунедарӕг мыл ӕруагъта Йӕ арм, Йӕ Уды хъомысӕй мӕ систа ӕмӕ мӕ дӕлвӕзы астӕу сӕвӕрдта. Дӕлвӕз йедзаг уыди стджытӕй. 2Сӕ алывӕрсты мӕ ӕрзилын кодта: дӕлвӕзы уыди ӕнӕнымӕц стджытӕ ӕмӕ тынг ныххус сты. 3Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ райгас уыдзысты, цымӕ?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Дунедарӕг Хуыцау! Уый Ды зоныс ӕрмӕстдӕр». 4Уӕд мын Уый загъта: «Ацы стджыты тыххӕй пехуымпар ныхас фехъусын кӕн, зӕгъ сын: „Уӕ, хус стджытӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ. 5Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз уын уӕ мидӕг царды комулӕфт бауадздзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. 6Нуӕрттӕй уӕ бамбӕрздзынӕн, буар уыл ӕрзайын кӕндзынӕн, уый уӕлӕ та — царм; царды комулӕфт уын ратдзынӕн, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“». 7Ӕз, бардзырдмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ, пехуымпариуӕг куы кодтон, уӕд райхъуысти уынӕр, стджытӕ базмӕлыдысты ӕмӕ байдыдтой кӕрӕдзиимӕ иу кӕнын, стӕг — стӕгимӕ. 8Ӕмӕ ӕз федтон: фӕзынди сыл нуӕрттӕ, ӕрзади сыл буар, уый уӕлӕ та — царм, фӕлӕ царды комулӕфт нӕма уыди сӕ мидӕг. 9Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Царды комулӕфты тыххӕй рагуац фехъусын кӕн, пехуымпариуӕг кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: царды комулӕфт, цыппар дымгӕйӕ фӕзын ӕмӕ ацы мӕрдтыл раулӕф, цӕмӕй райгас уой“». 10Ӕз, Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ, фехъусын кодтон рагуац, ӕмӕ сӕ мидӕг царды комулӕфт бацыд, райгас сты ӕмӕ слӕууыдысты сӕ къӕхтыл — тынг бирӕ, ӕнӕнымӕц бирӕ ӕфсад. 11Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ацы стджытӕ сты Израилы ӕппӕт адӕм. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, бахус сты не стджытӕ, асасти нӕ ныфс, не сӕфт ӕрцыд». 12Уымӕ гӕсгӕ сын рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕм, Ӕз уын уӕ ингӕнтӕ байгом кӕндзынӕн, сисдзынӕн уӕ уырдыгӕй ӕмӕ уӕ Израилы зӕхмӕ ӕрбакӕндзынӕн. 13Ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, уӕ ингӕнтӕ уын куы байгом кӕнон ӕмӕ уӕ уырдыгӕй куы сисон, уӕд. 14Мӕ комулӕфт уын бауадздзынӕн уӕ мидӕг, ӕмӕ райгас уыдзыстут. Ӕз уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн уӕ зӕххыл, ӕмӕ уӕд базондзыстут, афтӕ Ӕз, Дунедарӕг, кӕй загътон ӕмӕ Мӕ ныхас кӕй сӕххӕст кодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг.Израил ӕмӕ Иудей баиу уыдзысты
15Дунедарӕг мын загъта: 16«Уӕ адӕймаджы фырт, райс лӕдзӕг ӕмӕ йыл ныффысс: „Иудӕйӕн ӕмӕ йе’мцӕдисон израилӕгтӕн“. Ноджы ма иу лӕдзӕг райс ӕмӕ ууыл та ныффысс: „Йосеф, Ефрем ӕмӕ Израилы иннӕ адӕмӕн, се’мцӕдисонтӕн“. 17Баиу кӕн дыууӕ лӕдзӕджы, дӕ къухы иу куыд уой, афтӕ. 18Де’мбӕстӕгтӕ дӕ куы фӕрсой, дӕ къухы уый цы амоны, зӕгъгӕ, 19уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз райсдзынӕн Йосефы лӕдзӕг, Ефрем ӕмӕ йе’мцӕдисон израилаг хӕдзарвӕндӕгты къухы чи ис, уый, Иудӕйы лӕдзӕгимӕ йӕ баиу кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ сараздзынӕн иу лӕдзӕг, баиу уыдзысты Мӕ къухы“. 20Цы дыууӕ лӕдзӕгыл ныффыссай, уыдон сӕ разы дӕ къухмӕ куы райсай, 21уӕд-иу сын зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: израилӕгты ракӕндзынӕн, ӕцӕгӕлон адӕмты’хсӕн кӕм цӕрынц, уырдыгӕй, ӕрӕмбырд сӕ кӕндзынӕн алырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ. 22Уыцы зӕххыл сӕ, Израилы хӕхтыл, иу адӕм скӕндзынӕн, се’ппӕтӕн дӕр уыдзӕнис иу паддзах, ӕмӕ дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахадыл нал дих кӕндзысты. 23Сӕхи нал фӕчъизи кӕндзысты сӕ хуыцаугӕндтӕм ӕмӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй, сӕ алы фыдракӕндӕй. Суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, тӕригъӕды кӕм цыдысты, сӕ уыцы цӕрӕнбынӕттӕй, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау. 24Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ. 25Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг. 26Ӕз семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд, ӕмӕ сын уый фарн ӕрхӕсдзӕни. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ астӕу мыггагмӕ сӕвӕрдзынӕн Мӕ Кувӕндон. 27Уыдонмӕ уыдзӕни Мӕ цӕрӕн, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм. 28Ӕцӕгӕлон адӕмтӕ куы феной, Мӕ Кувӕндон Израилы астӕу сӕвӕрдтон, уый, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы адӕмы Йӕхицӕн уаз Чи кӕны, Уый“».
Copyright information for
OssIBT2022