Ezekiel 38
Гогы тыххӕй рагуац
1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Де’ргом сараз Магогы зӕххыл цӕрӕг Гогмӕ, Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдармӕ, ӕмӕ йын пехуымпар ныхас фехъусын кӕн. 3Зӕгъ ын: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз дӕм бацӕудзынӕн, Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдар Гог! 4Фездахдзынӕн дӕ, де’фсӕрыл дын бакӕндзынӕн цӕг ӕмӕ дын ракӕндзынӕн дӕхи дӕр ӕмӕ де’ппӕт ӕфсад дӕр, ӕд барджытӕ ӕмӕ ӕд уӕрдонджынтӕ, тынг бирӕ ӕфсад, уе’ппӕт дӕр алы хотыхтӕй ифтонг, уыимӕ уӕм — рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, уе’ппӕтмӕ дӕр — кӕрдтӕ. 5Демӕ рацӕудзысты персайнӕгтӕ, эфиопӕгтӕ ӕмӕ путӕгтӕ, се’ппӕт дӕр уартытӕ ӕмӕ такатимӕ. 6Ноджы ма демӕ рацӕудзӕни бирӕ хӕстон адӕмтӕ дард цӕгатӕй: Гомеры ӕппӕт ӕфсӕдтӕ ӕмӕ Бет Тогармайы ӕппӕт ӕрдонгтӕ. 7Хӕстифтонг скӕн ӕмӕ цӕттӕ дар дӕхи дӕр ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдоны дӕр, ӕмӕ у сӕ фӕтӕг. 8Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ бахъӕудзӕни дӕ сӕр. Фидӕны азты ды ӕрцӕудзынӕ, карды азарӕй чи фервӕздзӕн, уыцы бӕстӕм, бирӕ ӕцӕгӕлон адӕмты’хсӕнӕй уырдӕм чи ӕрбаздӕхдзӕн, уыцы адӕммӕ, иудадзыг гӕныстон чи уыд, Израилы уыцы хӕхтӕм. Йӕ цӕрджытӕ ӕрбаздӕхдзысты ӕцӕгӕлон адӕмты’хсӕнӕй ӕмӕ се’ппӕт дӕр цӕрдзысты ӕдасӕй. 9Фӕлӕ ды сыстдзынӕ уадау, рацӕудзынӕ саувадыг мигъау, цӕмӕй зӕхх бамбӕрзай де’ппӕт ӕрдонгтимӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц адӕмтимӕ. 10Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уыцы заман дӕм фӕзындзӕни сау хъуыдытӕ, фыдвӕндтӕ. 11Ды зӕгъдзынӕ: ‚Цӕуон ӕмӕ бабырсон ӕнӕбыру бӕстӕмӕ, ӕнцад, ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы адӕммӕ: нӕй сӕм нӕдӕр бырутӕ, нӕдӕр ӕхгӕнӕнтӕ, нӕдӕр кулдуартӕ. 12Мӕхи сыл ныххуырсон ӕмӕ ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнон, мӕ бархъомыс ӕрӕвӕрон, ӕцӕгӕлон бӕстӕтӕй ӕрыздӕхӕг адӕм кӕм ӕрцардысты, уыцы сахарты хӕлддзӕгтыл, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк чи самал кодта ӕмӕ зӕххы астӕу чи цӕры, уыдоныл‘. 13Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“. 14Адӕймаджы фырт! Уымӕ гӕсгӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ Гогӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ адӕм Израил ӕдасӕй цӕрын куы райдайой, уӕд дын раргом уыдзӕни уый, 15ӕмӕ рацӕудзынӕ дӕ бынатӕй, дард цӕгатӕй, демӕ — ӕнӕнымӕц адӕмтӕ бӕхтыл, стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад. 16Ӕмӕ афтӕмӕй Мӕ адӕм Израилыл, зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъау ныххуырсдзынӕ дӕхи. Уый уыдзӕни фӕстаг заман. Ӕз дӕ ракӕндзынӕн Мӕ бӕстӕйы ныхмӕ, Гог, цӕмӕй Мӕ ӕппӕт адӕмтӕ базоной, сӕ цӕстыты раз дын цы бакӕндзынӕн, уый фӕрцы сын Мӕ уаз ном куы раргом кӕнон, уӕд. 17Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: рагзаман Мӕ цагъарты, Израилы пехуымпарты, уылты кӕй тыххӕй дзырдтон, уый ды дӕ. Уыдон уыцы заман рагацау дзырдтой, Ӕз дӕ Израилы ныхмӕ кӕй ракӕндзынӕн, уый тыххӕй. 18Фӕлӕ Гог Израилы ныхмӕ куы рацӕуа, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уыцы бон пиллон артау ссудздзӕни Мӕ маст. 19Фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз ныр зӕгъын: уыцы бон Израилы зӕххыл уыдзӕн ӕвирхъау зӕххӕнкъуыст. 20Мӕ разы фыр тӕссӕй нырриздзысты денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ, ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, зӕххы цъарыл чи цӕры, уыцы адӕм се’ппӕт дӕр. Ракӕлдзысты хӕхтӕ, афӕлдӕхдзысты къӕдзӕхтӕ, ныккӕлдзысты зӕххыл сахарты бырутӕ. 21Ме’ппӕт хӕхты чи цӕры, уыдоны дӕр Гогы ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн кӕрдтимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — йӕ хӕстонтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ сласдзысты. 22Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон. 23Бирӕ адӕмты раз сын равдисдзынӕн Ме стырад ӕмӕ Мӕ уаз ном, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.
Copyright information for
OssIBT2022