‏ Ezekiel 39

1Ды та, адӕймаг, Гогы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдар Гог, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! 2Фездахдзынӕн дӕ ӕмӕ дӕ ракӕндзынӕн дард цӕгатӕй, Израилы хӕхтӕм дӕ ӕркӕндзынӕн. 3Уым дын дӕ галиу къухӕй акъуырдзынӕн де’рдын, дӕ рахиз къухӕй та дын аппардзынӕн дӕ фаттӕ. 4Бабын уыдзынӕ Израилы хӕхтыл, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ де’ппӕт ӕрдонгтӕ дӕр, ноджы ма, демӕ цы адӕмтӕ рацыд, уыдон дӕр. Алы тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн. 5Тыгъд быдыры де сӕфт ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 6Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 7Мӕ адӕм Израилӕн раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном ӕмӕ йӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. Уӕд адӕмтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Уаз Хуыцау, уый. 8Кӕй кой уын кодтон, уыцы бон ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 9Уӕд Израилы сахарты цӕрджытӕ рацӕудзысты ӕмӕ артагӕн хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты: рог ӕмӕ уӕззау уартытӕ, фаттӕ ӕмӕ ӕрдынтӕ, мыдзыратӕ ӕмӕ ӕрцытӕ. Авд азы дӕргъы сӕ судздзысты. 10Нӕдӕр быдырӕй суг хӕсдзысты, нӕдӕр хъӕды бӕлӕстӕ калдзысты, судздзысты ӕрмӕстдӕр хӕцӕнгӕрзтӕ. Чи сӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты, хӕлӕттаг сӕ чи кодта, уыдоны ныххӕлӕттаг кӕндзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

11Уыцы бон Гогӕн Израилы зӕххыл мӕрдтӕ ӕвӕрынӕн Бӕлццӕтты дӕлвӕз ратдзынӕн, денджызӕй скӕсӕнӕрдӕм. Уыцы дӕлвӕзыл ацӕуӕн нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр суыдзӕни уӕлмӕрдты бынат. Уым ныгӕд ӕрцӕудзысты Гог ӕмӕ йе’ппӕт ӕрдонгтӕ, ӕмӕ йӕ схуындӕуыдзӕн Гогы ӕрдонгты дӕлвӕз. 12Израилӕгтӕ сӕ авд мӕйы дӕргъы ныгӕндзысты, цӕмӕй зӕхх ссыгъдӕг кӕной. 13Бӕстӕйы адӕм сӕ се’ппӕт дӕр ныгӕндзысты, ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн уыцы бон, скадджын уыдзысты Мӕ адӕм дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 14Авд мӕйы фӕстӕ бӕрӕгдзауты снысан кӕндзысты, цӕмӕй ӕнӕсцухӕй бӕстӕйыл зилой ӕмӕ ма зӕххы уӕлцъар чи баззад, уыдоны мӕрдтӕ ныгӕной ӕмӕ зӕхх ссыгъдӕг кӕной. 15Бӕрӕгдзаутӕй-иу исчи адӕймаджы стӕгдарыл куы сӕмбӕла, уӕд-иу ын йӕ разы бӕрӕггӕнӕн ныссадздзӕни, цӕмӕй йӕ стӕй мардныгӕнджытӕ Гогы ӕрдонгты дӕлвӕзы баныгӕной. 16Уыцы сахарӕн йӕ ном уыдзӕн Хамона
Ома «Ӕрдонг».
. Афтӕмӕй ссыгъдӕг уыдзӕни зӕхх“.

17Дӕуӕн та, адӕймаджы фырт, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алы мыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн фехъусын кӕн: „Алырдыгӕй ӕрӕмбырд ут ӕмӕ ӕрбацӕут Мӕ нывондмӕ, Ӕз уын цы кусарт кӕнын, уымӕ, ӕрӕмбырд ут стыр куывдмӕ Израилы хӕхтӕм! Хӕрут дзидза ӕмӕ нуазут туг! 18Ӕхсарджын лӕгты фыд хӕрдзыстут ӕмӕ бӕстӕйы ӕлдӕртты туг нуаздзыстут, цыма Башаны хӕрзхаст фырытӕ, уӕрыччытӕ, цӕутӕ ӕмӕ галтӕ сты, уыйау. 19Цы нывонд уын акусарт кӕнон, уый фиуӕй ӕфсаддзыстут уӕхи, йӕ тугӕй та кӕндзыстут расыг. 20Мӕ фынгыл бафсӕддзыстут бӕхтӕ, барджытӕ, ӕхсарджынтӕ ӕмӕ алы хӕстон адӕмы туг ӕмӕ фыдӕй“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.

Израилы фидӕн

21Ӕз Мӕ кад раргом кӕндзынӕн адӕмтӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты Мӕ тӕрхон, Мӕ къухы уӕз Мын бавзардзысты сӕхиуыл. 22Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый. 23Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты. 24Сӕ чъизитӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндты тыххӕй бакодтон уыдӕттӕ — аздӕхтон сӕ Ме’ргом».

25Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн. 26 27Сӕ фыдгулты бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй бирӕ адӕмты раз равдисдзынӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ сӕхи зӕххыл ӕдасӕй цӕрын куы байдайой, куы ничиуал сӕ тӕрсын кӕна, уӕд ӕрхуддзысты сӕхиуыл, сӕ фыдракӕндтӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты. 28Адӕмты’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, фӕлӕ сӕ стӕй фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ, ӕмӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый. 29Ӕз Израилы адӕмӕй Ме’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».
Copyright information for OssIBT2022