Ezekiel 4
Тӕрхон Йерусалимӕн
1Ды та, адӕймаджы фырт, райс агуыридур, дӕ разы йӕ ӕрӕвӕр ӕмӕ йыл скӕн Йерусалимы хахныв. 2Стӕй йыл ӕрхъула кӕн, йӕ ныхмӕ йын хӕцӕн мӕсыг сараз, сыджытбыру самай, хӕстон асадӕн скӕн йӕ ныхмӕ ӕмӕ йын йӕ алыварс сисфӕлдахӕн сармадзантӕ ӕрӕвӕр. 3Уый фӕстӕ райс алгъац ӕмӕ йӕ ӕфсӕн сисау дӕхицӕй дӕ сахары астӕу ӕрӕвӕр, стӕй де’ргом хӕстӕввонгӕй сахарырдӕм сараз ӕмӕ йыл ӕрхъула кӕн. Уый Израилы адӕмӕн уыдзӕни нысан. 4Ды та-иу дӕ галиу фарсыл ӕрхуысс ӕмӕ-иу дӕхиуыл Израилы адӕмы тӕригъӕд сӕвӕр. Дӕ фарсыл цал боны фӕхуыссай, уал боны сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты дӕ уӕлӕ. 5Тӕригъӕдтӕ цал азы фӕкодтой, уал боны дын снысан кодтон — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны хӕсдзынӕ дӕ уӕлӕ Израилы адӕмы тӕригъӕд. 6Уый куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу дыккаг хатт ӕрхуысс — ныр та дӕ рахиз фарсыл, ӕмӕ Иудейы адӕмы азым хӕсс дыууиссӕдз боны, азы ныхмӕ дын Ӕз снысан кодтон бон. 7Де’ргом ӕмӕ дӕ дысфӕлдӕхт къух ӕрхъулагонд Йерусалимы’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ. 8Мӕнӕ дыл Ӕз сӕвӕрдзынӕн рӕхыстӕ ӕмӕ дӕ иу фарсӕй иннӕмӕ разилын дӕ бон не суыдзӕн, цалынмӕ дӕ ӕрхъулайы бонтӕ фӕуой, уӕдмӕ. 9Дӕхицӕн райс мӕнӕу, хъӕбӕрхор, хъӕдур, тъӕпӕн хъӕдур, еуу ӕмӕ нӕлмӕнӕу. Иу мигӕнӕны сӕ ныккӕн ӕмӕ дзы дӕхицӕн цъаргӕндтӕ сфыц, дӕ фарсыл цы бонтӕ хуыссай, уыдоны нымӕцмӕ гӕсгӕ. Хӕрдзынӕ сӕ ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны. 10Дӕ хойрагӕй-иу алы бон дӕр — боны дӕргъы — хӕр ссӕдз шекелы бӕрц. 11Дон дӕр-иу нуаз барстӕй, боны дӕргъы — гины иу ӕхсӕзӕймаг хай. 12Хӕр-иу хъӕбӕрхоры цъаргӕндтӕ ӕмӕ-иу сӕ ӕппӕт адӕмы цӕстыты раз фыц адӕймаджы ӕппарӕнтыл». 13Дунедарӕг ма Йӕ ныхасыл бафтыдта: «Афтӕ израилӕгтӕ, цы адӕмтӕм сӕ фӕсурон, уыдоны’хсӕн хӕрдзысты сӕ чъизи хойраг». 14Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ». 15Уый мын загъта: «Ӕз дын бар дӕттын адӕймаджы ӕппарӕнты бӕсты хъуджы фаджыс райсын, ӕмӕ-иу ууыл фыц дӕ дзул». 16Ноджы ма мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Ӕз Йерусалимы хойраджы ӕвӕрӕнтӕ скуынӕг кӕндзынӕн. Сӕ къӕбӕр катайгӕнгӕ хӕрдзысты барстӕй, сӕ дон дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ барстӕй нуаздзысты. 17Уымӕн ӕмӕ хъуаг ӕййафдзысты къӕбӕр ӕмӕ донӕй. Сӕ алкӕй дӕр тас бацӕудзӕн, ӕмӕ баруайдзысты сӕ тӕригъӕдты аххосӕй.
Copyright information for
OssIBT2022