Ezekiel 43
Хуыцау ӕрыздӕхти Йӕ Кувӕндонмӕ
1Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг ӕрбакодта скӕсӕнварс кулдуармӕ. 2Уым федтон, Израилы Хуыцауы кад скӕсӕнӕрдыгӕй куыд ӕрбаввахс кӕны, уый. Йӕ хъӕлӕс уыдис бирӕ дӕтты уынӕрау, Йӕ кады рухсӕй дуне ныррухс ис. 3Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл. 4Дунедарӕджы кад скӕсӕнварс кулдуарыл бацыди Кувӕндонмӕ. 5Хуыцауы Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ бакодта мидӕггаг кӕртмӕ. Ӕз федтон, Кувӕндон Дунедарӕджы кадӕй йемыдзаг куыд баци, уый. 6Йемӕ мӕ цы лӕг хуыдта, уый мӕ разы уыд, фӕлӕ мӕм мидкувӕндонӕй райхъуыст ӕндӕр кӕйдӕр хъӕлӕс. 7Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Уый Мӕ паддзахы бадӕн у, Мӕ къахӕрӕвӕрӕн. Ам мыггагмӕ цӕрдзынӕн Израилы адӕмы’хсӕн. Ӕмӕ Мын Израилӕн йӕ адӕм дӕр ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕ дӕр нал ӕгад кӕндзысты Мӕ уаз ном: нал дӕр гуымирытӕм кувдзысты, нал дӕр та сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цуры ныгӕндзысты. 8Сӕ къӕсӕртӕ ӕвӕрдтой Мӕ къӕсӕрты цур, сӕ тарвӕзтӕ — Мӕ тарвӕзты цур ӕмӕ ӕмкъул цардысты Мемӕ. Афтӕмӕй Мын се’наккаг митӕй ӕгад кодтой Мӕ уаз ном ӕмӕ сӕ Мӕ фыр мӕстӕй бабын кодтон. 9Фӕлӕ ныр се’нӕуаг митӕ ныууадздзысты, сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цӕстыты разӕй фесафдзысты, ӕмӕ Ӕз мыггагмӕ се’хсӕн цӕрдзынӕн. 10Адӕймаджы фырт, ды та Израилы адӕмӕн радзур ацы Кувӕндоны тыххӕй, ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр куы сбарой, уӕд сӕхиуыл ӕрхуддзысты се’наккаг митыл тыххӕй. 11Цыдӕриддӕр бакодтой, уыдӕттӕй се’фсарм куы ссудза, уӕд-иу сын равдис Кувӕндоны фӕлгонц, йӕ арӕзт, йӕ рацӕуӕнтӕ ӕмӕ йӕ бацӕуӕнтӕ. Скӕн-иу сын Кувӕндоны хахныв ӕмӕ-иу сын радзур йе’ппӕт арӕзт, стӕй йе’ппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй, ныффыс сын сӕ сӕхи раз, цӕмӕй сӕ ма рох кӕной ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной. 12Мӕнӕ Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау: хохы цъупп ӕмӕ йӕ алыварс тыгъдад иууылдӕр у иууылуаз. Уый у Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау.Нывондхӕссӕн
13Мӕнӕ нывондхӕссӕны арӕзт, йӕ ас, ӕлмӕринтӕй баргӕйӕ (хуымӕтӕг ӕлмӕринӕй армытъӕпӕны бӕрц стырдӕртӕ). Йӕ бындуры тигъы уӕрх у иу ӕлмӕрин, бындурӕн йӕ бӕрзӕнд дӕр — иу ӕлмӕрин. Бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй ис цыхцырӕг къахт, уылынджы йас. Уый у нывондхӕссӕны бындур. 14Бындуры уӕлӕ бинаг къӕпхӕнӕн йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ тигъы уӕрх та — иу ӕлмӕрин. Бинаг чысыл къӕпхӕны уӕлӕ стыр къӕпхӕнӕн йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, йӕ тигъы уӕрх та — иу ӕлмӕрин. 15Ӕппӕты уӕллаг къӕпхӕнӕн, нывондхӕссӕнӕн, йӕ бӕрзӕнд у цыппар ӕлмӕрины, йӕ тигътыл конд сыкъатӕн та сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ ӕлмӕрины. 16Нывондхӕссӕн у цыппаркъуымон, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ сты дыууадӕсгай ӕлмӕринтӕ. 17Нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уый дӕр — цыппаркъуымон, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ — цыппӕрдӕсгай ӕлмӕринтӕ. Бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй цы цыхцырӕг къахт ис, уый у ӕмбисӕлмӕрины ӕрфӕн, бындурӕн йӕ бӕрзӕнд та у иу ӕлмӕрин». 18Ӕмӕ мын уый загъта: «Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: мӕнӕ нывондхӕссӕны уагӕвӕрдтӕ, куы йӕ саразой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ хӕссын ӕмӕ нывӕндты туг пырх кӕнын куы райдайой, уыцы бонмӕ. 19Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕн-иу, Цадокы байзӕддӕгтӕй чи у, Мӕ рӕзы чи лӕггад кӕна, уыдонӕн, Мӕ сауджынтӕн, галты дзугӕй тӕригъӕды нывондӕн ратт иу гал. 20Райс-иу ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кӕн нывондхӕссӕны цыппар сыкъайы, стӕй, нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уый цыппар фисыны, ноджы ма, бындуры кӕрӕтты алырдыгӕй цы цыхцырӕг къахт ис, ууыл, ӕмӕ-иу афтӕмӕй сӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. 21Тӕригъӕды нывондӕн цы гал аргӕвстой, уый басудз Кувӕндоны ӕдде, нысангонд бынаты. 22Дыккаг бон-иу тӕригъӕды нывондӕн сӕгъты дзугӕй ӕрхӕсс ӕнӕсахъат цӕу. Нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕнт, нывонд уӕныджы тугӕй йӕ куыд сӕххӕст кодтой, афтӕ. 23Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу галты дзугӕй ӕрбакӕн ӕнӕсахъат гал, фысты дзугӕй та — ӕнӕсахъат фыр. 24Ӕрбакӕн-иу Мын сӕ Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ-иу сӕ сауджынтӕ аргӕвдӕнт, ауӕнгтӕ кӕнӕнт, ныккӕнӕнт-иу сыл цӕхх ӕмӕ-иу Мын сӕ ӕрхӕссӕнт иууылсудзинаг нывондӕн. 25Авд боны дӕргъы-иу алы бон дӕр тӕригъӕды нывондӕн хӕссут цӕу, иууылсудзинагӕн та-иу алы бон дӕр галты дзугӕй хӕссут ӕнӕсахъат гал, фысты дзугӕй та — ӕнӕсахъат фыр. 26Авд боны дӕргъы-иу ӕххӕст кӕнӕнт нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау ӕмӕ-иу дзаг кӕнӕнт сӕ къухтӕ. 27Уыцы бонтӕ куы фӕуой, уӕд-иу уын, ӕстӕм бонӕй фӕстӕмӕ, сауджынтӕ нывондхӕссӕныл хӕссӕнт уӕ иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ уӕ фидыды нывӕндтӕ, ӕмӕ уыл Ӕз ауддзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for
OssIBT2022