‏ Ezekiel 45

Зӕххы хӕйтты байуӕрст

1Зӕххы хӕйттӕ халӕппӕрстӕй куы уарат, уӕд-иу рахицӕн кӕнут Дунедарӕджы уаз зӕххы хай: йӕ дӕргъ — дыууын фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ссӕдз мин ӕлмӕрины. Уыцы зӕххы хай уаз уыдзӕнис иууылдӕр. 2Уымӕй-иу рахицӕн кӕнут, йӕ дӕргъ дӕр ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр фӕйнӕ фондзсӕдӕ ӕлмӕрины кӕмӕн сты, ахӕм зӕххы хай, уымӕн та ма йӕ алыварс уыдзӕни сӕрибар зӕхх — фӕндзай ӕлмӕрины йас. 3Уаз зӕххыл рахицӕн кӕнут, йӕ дӕргъ дыууын фондз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та дӕс ӕлмӕрины кӕмӕн уыдзӕн, ахӕм хай. Уым уыдзӕни Рухсмонуат. 4Ацы уаз зӕххы хай лӕвӕрд уыдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггадгӕнӕг сауджынтӕн. Ам уыдзысты Кувӕндон ӕмӕ сауджынты хӕдзӕрттӕ.

5Зӕххы хайы иннӕ ӕмбис — уымӕн дӕр йӕ дӕргъ дыууын фондз мин ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та дӕс мин ӕлмӕрины — лӕвӕрд уыдзӕни левиттӕн, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕн. Уый уыдзӕни сӕ зӕххы хай, ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзысты.

6Уаз зӕххы хайы ныхмӕ-иу рахицӕн кӕнут ӕндӕр зӕххы хай сахарӕн, йӕ уӕрх — фондз мин ӕлмӕрины, йӕ дӕргъ та — дыууын фондз мин ӕлмӕрины. Уый уыдзӕн ӕппӕт Израилы адӕмы исбон.

7Адӕмы фӕтӕгӕн — Дунедарӕджы зӕххисбоны ӕмӕ сахары зӕххисбоны ӕмных ӕмӕ се’муӕрх, скӕсӕнӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй дӕр — ратдзыстут зӕххы хӕйттӕ. Уыдон скӕсӕнӕрдыгӕй аххӕсдзысты скӕсӕйнаг арӕнты онг, ныгуылӕнӕрдыгӕй та — ныгуылӕйнаг арӕнты онг. 8Уый уыдзӕни адӕмы хистӕрты зӕххисбон Израилы, цӕмӕй мын фидӕнмӕ мауал ссӕндой Мӕ адӕмы ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты адӕмӕн байуарой зӕххытӕ».

Фӕдзӕхст адӕмы хистӕртӕн

9Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕгъгъӕд уын уӕд, Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ! Мауал тых кӕнут, мауал ссӕндут, раст тӕрхон хӕссут! Мӕ адӕмы Мын мауал сурут сӕ зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 10Раст барӕнт уӕ тӕраз, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн бат. 11Барӕн ефӕ ӕмӕ барӕн бат ӕмхуызон хъуамӕ уой, сӕ алкӕй дӕр хъуамӕ цӕуа хомеры дӕсӕймаг хай. Хъуамӕ барст цӕуой хомермӕ гӕсгӕ. 12Шекелы ис ссӕдз герайы. Ӕхсай шекелы та уыдзысты иу минӕ.

Адӕмы хистӕрты хӕстӕ

13Мӕнӕ, адӕмы цы хуынтӕ хӕссын хъӕуы, уыдон: мӕнӕуы хомерӕй — ефӕйы ӕхсӕзӕм хай, хъӕбӕрхоры хомерӕй дӕр — ефӕйы ӕхсӕзӕм хай, 14оливӕйы сойы корӕй — баты дӕсӕймаг хай (хомеры ис дӕс баты), 15Израилы лыстӕг фосы дзугтӕй дыууӕсӕдӕ фысӕй — иу фыс. Ӕппӕт уыдон хъӕуынц хойраджы хуынӕн, иууылсудзинагӕн ӕмӕ фидыды нывондӕн, адӕмы ссыгъдӕг кӕныны охыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — 16Ахӕм хуынтӕ адӕм хъуамӕ хӕссой Израилы фӕтӕгӕн. 17Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».

18Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Фыццаг мӕйы фыццаг бон галты рӕгъауӕй райс иу ӕнӕсахъат гал ӕмӕ Кувӕндон ссыгъдӕг кӕн. 19Сауджын-иу уыцы тӕригъӕды нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд Кувӕндоны дуары тарвӕзтӕ, стӕй, нывондхӕссӕн цы къӕпхӕныл лӕууы, уымӕн йӕ цыппар фисыны, ноджы ма — мидӕггаг кӕрты кулдуары цӕджындзтӕ. 20Афтӕ бакӕнын хъӕудзӕни мӕйы ӕвдӕм бон дӕр, ӕнӕбары кӕнӕ ӕнӕзонгӕйӕ чи фӕтӕригъӕдджын ис, уыдоны тыххӕй. Афтӕ-иу ссыгъдӕг кӕнут Кувӕндон.

21Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут Куадзӕн. Бӕрӕгбоны рӕстӕг-иу хӕрут донгонд дзултӕ. 22Фыццаг бон-иу адӕмы фӕтӕг йӕхи ӕмӕ бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссӕд гал. 23Уыцы авд боны дӕргъы алы бон дӕр Дунедарӕгӕн иууылсудзинагӕн хӕссӕд ӕнӕсахъат авд галы ӕмӕ ӕнӕсахъат авд фыры, тӕригъӕды нывондӕн та сӕгъты дзугӕй — иу цӕу. 24Хойраджы хуынӕн-иу гал-нывондимӕ дӕр ӕмӕ фыр-нывондимӕ дӕр ӕрхӕссӕд ссады фӕйнӕ ефӕйы, ссады иу ефӕимӕ та — оливӕйы сойы иу гин.

25Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ дӕр, бӕрӕгбоны заман, авд боны дӕргъы хӕссӕд уыдӕттӕ: ахӕм тӕригъӕды нывонд, стӕй ахӕм иууылсудзинаг, уый бӕрц хойраджы хуын ӕмӕ уый бӕрц оливӕйы сой».
Copyright information for OssIBT2022