‏ Ezekiel 47

Кувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон

1Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг фӕстӕмӕ ӕрбакодта Кувӕндоны дуармӕ, ӕмӕ федтон, Кувӕндоны къӕсӕры бынӕй скӕсӕнӕрдӕм дон куыд цӕуы, уый — Кувӕндонӕн йе’ргом арӕзт уыди скӕсӕнӕрдӕм. Дон Кувӕндоны рахиз фисыны’рдыгӕй калди нывондхӕссӕны хуссарвӕрсты. 2Уыцы лӕг мӕ ракодта цӕгатварс кулдуарыл ӕмӕ мӕ ӕддӕты бакодта ӕддаг кулдуармӕ, йе’ргом скӕсӕнӕрдӕм арӕзт кӕмӕн у, уымӕ. Кулдуарӕн йӕ рахизфӕрсты калди дон.

3Уыцы лӕг цыди скӕсӕнӕрдӕм ӕмӕ, йӕ къухы цы барӕн синаг уыд, уымӕй абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ мӕ акодта доны сӕрты. Дон уыди мӕ фадхъулты онг. 4Уый ма ноджы абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ та мӕ акодта доны сӕрты. Дон уыди мӕ уӕраджы сӕртӕм. Ноджыдӕр ма абарста мин ӕлмӕрины ӕмӕ та мӕ акодта. Дон уыди мӕ астӕумӕ. 5Иу хатт ма абарста мин ӕлмӕрины, ӕмӕ дон ахӕм гуылфӕн самадта, ӕмӕ йыл цӕуын нӕ фӕрӕзтон. Ахӕм арф уыд, ӕмӕ йыл ацӕуӕн нӕ уыди, ленк кӕнын дзы хъуыд.

6Уыцы лӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт, федтай?» Ӕмӕ мӕ фӕстӕмӕ доны былмӕ ракодта. 7Сурмӕ куы рахызтӕн, уӕд цӕугӕдоны былгӕрӕтты, дыууӕрдыгӕй дӕр, ӕз федтон бирӕ бӕлӕстӕ.

8Уыцы лӕг мын загъта: «Ацы дон цӕуы скӕсӕнӕрдӕм, Иорданы дӕлвӕзы онг, уым бакӕлдзӕни денджызмӕ ӕмӕ денджызы дон суыдзӕнис ӕнӕнизгӕнӕг.

9Дыууӕ гуылфӕны денджызмӕ кӕм бакӕлой, уыцы ран алы змӕлӕгойтӕй байдзаг уыдзӕн, бирӕ дзы уыдзӕни кӕсӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ ацы дон бакӕлдзӕни уырдӕм ӕмӕ денджызы дон суыдзӕни ӕнӕнизгӕнӕг. Ацы дон кӕдӕм бакӕла, уым уыдзӕни цард. 10Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ. 11Денджызы цур цъымаратӕ ӕмӕ култӕ ӕнӕнизгӕнӕг не суыдзысты, уыдон баззайдзысты цӕхджынӕй, цӕмӕй сӕ цӕхх исой.

12Цӕугӕдоны былгӕрӕтты дыууӕрдыгӕй дӕр зайдзӕн алымыггаг дыргъ бӕлӕстӕ. Сӕ сыфтӕр нӕ хус кӕндзӕн ӕмӕ сӕ дыргъ нӕ куынӕг кӕндзӕн. Алы мӕй дӕр-иу сыл срӕгъӕд уыдзӕни ног дыргътӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ донӕй ӕфсаддзӕн Кувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон. Сӕ дыргъӕй сын исдзысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕрӕй та — низтӕй дзӕбӕх кӕнынӕн».

Бӕстӕйы арӕнтӕ

13Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ацы арӕнтыл байуарут зӕхх Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн — фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Йосефы хӕдзарвӕндагӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕд дыууӕ хайы. 14Алчидӕр-иу уӕ райсӕд йӕ исбоны зӕхх. Ӕз, Мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ, расомы кодтон, уӕ фыдӕлтӕн ӕй кӕй ратдзынӕн, ууыл, ӕмӕ уын ацы зӕхх уыдзӕни фыдӕй-фыртмӕйы исбон.

15Мӕнӕ бӕстӕйы цӕгатаг арӕн. Стыр денджызӕй райдай ӕмӕ Хетлон, Цедад, 16Хамат, Берота, Дамаск ӕмӕ Хаматы’хсӕн лӕууӕг сахар Сивраимыл бахиз Хавраны ӕмарӕн лӕууӕг сахар Хацер-Тихонмӕ. 17Уымӕй цӕгатӕрдӕм, денджызӕй Хацар-Энаны онг, сӕхи айтыгътой Дамаск ӕмӕ Хаматы зӕххытӕ. Уый у цӕгатаг арӕн.

18Скӕсӕйнаг арӕнхахх ӕрӕвӕрут Хавран ӕмӕ Дамаскы’хсӕн арӕныл ӕмӕ йӕ рауадзут Галаад ӕмӕ Израилы’хсӕнты кӕлӕг Иорданыл, цӕгатаг арӕнӕй скӕсӕйнаг денджызы онг. Уый у скӕсӕйнаг арӕн.

19Хуссайраг арӕн, Негевы, йӕхи айтыгъта сахар Тамарӕй Мериват-Кадешы доны онг, стӕй дон-дон суанг Стыр денджызы онг. Уый у хуссайраг арӕн Негевы.

20Ныгуылӕйнаг арӕн у Стыр денджыз йӕ былгӕронимӕ, Мысыры арӕнӕй райдай ӕмӕ суанг Хаматы онг. Уый у ныгуылӕйнаг арӕн.

21Ацы зӕхх байуарут Израилы хӕдзарвӕндӕгтыл. 22Байуарут ӕй халӕппӕрстӕй уе’хсӕн, стӕй, ӕрцӕуӕггагӕй уӕм чи цӕры, цот кӕмӕн рацыд, уыдоны’хсӕн дӕр. Израилӕгтау уыдон дӕр нымад ӕрцӕуӕнт бынӕттон цӕрджытыл ӕмӕ сымахимӕ хай райсӕнт Израилы хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн. 23Чи сӕ кӕцы хӕдзарвӕндаджы зӕххыл цӕры, уыцы зӕххыл ын раттут йӕ исбоны хай», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Copyright information for OssIBT2022