‏ Ezekiel 5

1Фӕлӕ ды, адӕймаджы фырт, райс цыргъ кард ӕмӕ дзы хилдасӕнау дӕ сӕр ӕмӕ дӕ зачъе адас, стӕй райс тӕраз ӕмӕ-иу хъуынтӕ адих кӕн ӕртӕ хайыл. 2Сӕ иу ӕртыккаг хай сын арты басудз сахары астӕу, йе’рхъулайы бонтӕ куы фӕуой, уӕд, иннӕ ӕртыккаг хай кардӕй ныллыгтӕ кӕн сахаргӕрӕтты, аннӕ ӕртыккаг хай та дымгӕмӕ ныддар. Ӕз та сӕм фӕсте ӕвзиддзынӕн кардӕй. 3Ӕцӕг ма-иу хъуынтӕй иу чысыл райс ӕмӕ-иу сӕ дӕ фӕччийы бабӕтт. 4Фӕлӕ ма-иу уыдонӕй дӕр райс ӕмӕ-иу сӕ арты бакал ӕмӕ басудз. Уырдыгӕй Израилы ӕппӕт адӕмыл рацӕудзӕнис арт».

5Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Йерусалим у уый! Ӕз ӕй ӕрӕвӕрдтон адӕмты астӕу, йӕ алыварс та — иннӕ бӕстӕтӕ. 6Фӕлӕ уый, Мӕ амындтыты ныхмӕ рацӕугӕйӕ, муртаттӕгтӕй ӕмӕ, йӕ алыварс цы бӕстӕтӕ ис, уыдонӕй фыддӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ се’ргом аздӕхтой Мӕ амындтытӕй, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не’ххӕст кӕнынц».

7Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Ху ыцау: сымах уӕ алыварс адӕмтӕй бирӕ хивастдӕр разындыстут, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ Мын не’ххӕст кӕнут, уыимӕ ма суанг уӕ алыварс адӕмты ӕгъдӕуттӕ дӕр.

8Уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Ӕз Мӕхӕдӕг сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ ӕмӕ дыл адӕмты раз Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн. 9Ныронг дын цы нӕ бакодтон ӕмӕ дын фидӕны дӕр цы нал бакӕндзынӕн, уый дын бакӕндзынӕн ныр де’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй. 10Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. 11Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — де’лгъаг гуымирытӕй ӕмӕ де’ппӕт ӕнаккаг митӕй Мын Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз ӕрӕлхъивдзынӕн, Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн. 12Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй. 13Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый. 14Ӕз дӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ алыварс адӕмтӕ ӕмӕ, дӕ цурты чидӕриддӕр цӕуа, уыдон дын дӕ худинаг куыд уыной, афтӕ. 15Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.

16Ӕз сымахыл суадздзынӕн стонджы мӕлӕтдзаг фӕттӕ, сӕ быны уӕ фӕкӕндзынӕн. Уӕ хойраг уын скуынӕг кӕндзынӕн 17ӕмӕ уыл стонджы азар бафтаудзынӕн. Тугдзых сырдты уыл сардаудзынӕн, ӕмӕ уын уыдон уӕ сывӕллӕтты ныццӕгъддзысты. Емынӕ ӕмӕ мӕлӕты хай бауыдзыстут ӕмӕ уӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.
Copyright information for OssIBT2022