‏ Ezekiel 6

Гӕныстоны заман

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Де’ргом Израилы хӕхты’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ. 3Зӕгъ сын: „Израилы хӕхтӕ! Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: кардӕй уӕм февзиддзынӕн Ӕз ӕмӕ уын уӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кӕндзынӕн. 4Уӕ нывондхӕссӕнтӕ ныггӕныстон уыдзысты, хуры кадӕн уӕм цы будсудзӕн цӕджындзтӕ ис, уыдон дӕрӕнгонд ӕрцӕудзысты, уӕ мӕрдты уын уӕ гуымирыты раз аппардзынӕн. 5Израилӕгты мӕрдтӕ Ӕз сӕвӕрдзынӕн сӕ гуымирыты раз, уе стджытӕ уын уӕ нывондхӕссӕнты алыварс ныххӕлиу кӕндзынӕн. 6Кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым уӕ сахартӕ уыдзысты гӕныстон, уӕ кувӕн къуыбыртӕ — афтид, уӕ нывондхӕссӕнтӕ — гӕныстон ӕмӕ пырх, уӕ гуымирытӕ — саст ӕмӕ сӕфт, уӕ будсудзӕн цӕджындзтӕ — къуырд, уӕ хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ. 7Бирӕтӕ мардӕй хаудзысты уе’хсӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 8Фӕлӕ ма уӕ иу цасдӕр удӕгасӕй ныууадздзынӕн, ӕмӕ уыдон фервӕздзысты кардӕй, бӕстӕтӕ ӕмӕ адӕмты’хсӕн куы ныххӕлиу уат, уӕд. 9Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй. 10Уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы нӕ дзырдтон, ахӕм бӕллӕх сын кӕй бавзарын кӕндзынӕн, уый тыххӕй“».

11Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕв, дӕ къахӕй зӕхх ӕртъӕпп кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Додой сӕ къона Израилы адӕмӕн се’ппӕт ӕлгъаг миты аххосӕй! Кард, стонг ӕмӕ емынӕйы амӕттаг бауыдзысты. 12Дард ран чи уа, уый амӕлдзӕн емынӕйӕ, хӕстӕг ран чи уа, уый та фӕмард уыдзӕни карды цӕфӕй. Удӕгасӕй ма чи баззайа, уый та амӕлдзӕни сыдӕй. Афтӕ сыл Ӕз ныххуырсдзынӕн мӕ азар. 13Цагъд адӕмы мӕрдтӕ куы лӕзӕрой сӕ гуымирыты раз, сӕ нывондхӕссӕнты алыварс, стӕй алы бӕрзонд къуыбырыл, ӕппӕт хӕхты цъуппытыл, ноджы алы дидинӕгкалӕг бӕласы бын ӕмӕ алы къабузджын тулдзы бын — сӕ гуымирытӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕмыты сыгътой, уымыты, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 14Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Copyright information for OssIBT2022