‏ Ezekiel 7

Израилы сӕфт

1Дунедарӕг мын загъта: 2«Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: се сӕфт ӕрцыд Израилы адӕмӕн, йе сӕфт ӕрцыд ӕппӕт зӕххӕн дӕр.

3Де сӕфт ӕрцыд, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй. 4Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн; дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».

5Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ӕрбацӕуы фыдбылыз. 6Кӕрон ӕрцыд, ӕрхӕццӕ ис кӕрон, сыстади дӕ ныхмӕ! Мӕнӕ ӕрбаввахс кӕны, 7де сӕфт ӕрцыди, а зӕххы цӕрӕг! Ралӕууыд афон, азары бон ӕрбахӕстӕг; уӕ хӕхтӕм ӕрбаввахс кӕны циндзинады нӕ, фӕлӕ ӕвирхъау тасы заман. 8Рӕхджы дыл Ӕз ныххуырсдзынӕн Мӕ азар, ныккалдзынӕн дыл Мӕ маст. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де’лгъаг миты тыххӕй. 9Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн. Дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн — Йӕ азары хай Чи бакӕны, Уый.

10Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы. 11Райрӕзти тыхми — ӕнаккӕты лӕдзӕг, фӕлӕ уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ баззайдзӕн; нӕдӕр сӕ исбонӕй, нӕдӕр сӕ уынӕрӕй, нӕдӕр сӕ номӕй ницыуал баззайдзӕн.

12Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты. 13Чи ауӕй кодта, уымӕн йӕ исбон нал бафтдзӕни йӕ къухы, суанг удӕгасӕй куы баззайа, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ се’ппӕты тыххӕй дӕр цӕстылуайӕн сӕххӕст уыдзӕн. Тӕригъӕды чи ӕфты, уыдонӕй иунӕг дӕр йӕ цард нӕ бахъахъхъӕндзӕн.

14Сыкъауадындзӕй ныууасдзысты ӕмӕ, хӕстӕввонгӕй куы ӕрлӕууой, уӕд дӕр хӕстмӕ ничи рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ се’ппӕт дӕр Мӕ фыдӕхы хай фӕуыдзысты. 15Ӕдде сӕ цӕгъддзӕни кард, мидӕгӕй та — рын ӕмӕ стонг. Быдыры чи уа, уый амӕлдзӕни кардӕй, сахары чи уа, уый та стонг ӕмӕ емынӕйӕ. 16Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се’ппӕт дӕр дзыназдзысты се’наккаг миты аххосӕй. 17Се’ппӕтӕн дӕр сӕ къухты хъару фесӕфдзӕн, фыр тӕссӕй сӕ уӕрджыты дон ныббаддзӕни. 18Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст. 19Се’взист ракалдзысты уынгтӕм, сӕ сыгъзӕрин дӕр сӕ нал ӕндавдзӕн. Уыдон сӕ Дунедарӕджы азары бон нӕ фервӕзын кӕндзысты. Уыдон сӕ нӕ бафсаддзысты ӕмӕ сын сӕ гуыбынтӕ нӕ байдзаг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин систы ӕфсон фыдракӕндтӕ аразынӕн. 20Сӕ диссаджы хӕзнатӕй хъал уыдысты, се’лгъаг гуымирытӕ уыдонӕй кодтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕзнатӕ фенад кӕндзынӕн. 21Ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ байсын кӕндзынӕн, а зӕххы ӕнаккӕгтӕн сӕ ратдзынӕн ӕфтиагӕн, ӕмӕ сӕ уыдон фӕчъизи кӕндзысты.

22Ӕз ме’ргом аздахдзынӕн Мӕ адӕмӕй, ӕмӕ Мын Мӕ Кувӕндон фӕчъизи кӕндзысты. Ӕрбацӕудзысты йӕм стигъджытӕ ӕмӕ йӕ фӕчъизи кӕндзысты.

23Рӕхыс сараз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх байдзаг ис тугкалӕн фыдракӕндтӕй, сахар та йедзаг у тыхмийӕ.

24Ӕз ӕрбакӕндзынӕн адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ сын уыдон сӕ хӕдзӕрттӕ байсдзысты. Уӕд тыхджынты хъалдзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ уаз бынӕттӕ фӕчъизи уыдзысты.

25Ӕрбацӕуы фыд азар, ӕмӕ адӕм сабырдзинад агурдзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. 26Фыдбылыз цӕудзӕни фыдбылызы фӕдыл, фыдуац фыдуацы фӕдыл. Пехуымпартӕй курдзысты цӕстылуайӕнтӕ, фӕлӕ сауджынтӕм зондамынд нал разындзӕн, хистӕртӕм та — уынаффӕ. 27Паддзах дзыназдзӕн, ӕлдар стыр тасы бацӕудзӕн, бӕстӕйы адӕмӕн ризӕг бахӕцдзӕни сӕ къухтыл. Сӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ сын бафиддзынӕн, сӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд тӕрхон кодтой, афтӕ сын стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Copyright information for OssIBT2022