Ezekiel 9
1Дунедарӕг мын нӕргӕ хъӕлӕсӕй фехъусын кодта: «Ацы сахар бафхӕрын кӕмӕн бабар чындӕуыд, уыдон ӕрбацӕуӕнт, алкӕй къухы дӕр дзы хъуамӕ уа мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз!» 2Ӕмӕ ӕз федтон: йе’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы уӕллаг кулдуары’рдыгӕй ӕрбацӕуынц ӕхсӕз лӕджы, алкӕй къухы дӕр дзы — марӕн гарз. Се’хсӕн ма уыдис иу лӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕсы, йӕ астӕуыл — нымӕрдары фыссӕнгарз. Ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрхуы нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты. 3Израилы Хуыцауы кад хӕрдмӕ ссыди, цы херувимтыл ӕнцад, уыдонӕй ӕмӕ Кувӕндоны къӕсӕрыл ӕрлӕууыд. Дунедарӕг фӕсидти, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕгмӕ 4ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан». 5Ӕз фехъуыстон, иннӕтӕн цы загъта, уый дӕр: «Сымах та цӕут йӕ фӕдыл ӕмӕ адӕмы цӕгъдут. Уӕ цӕст сын ма фӕтӕригъӕд кӕнӕд ӕмӕ сын ма ныббарут. 6Зӕронд лӕгӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй, сабийӕ, сылгоймагӕй — се’ппӕты дӕр ныццӕгъдут, ӕрмӕст, нысан кӕуыл ис, уыдонӕй макӕмӕ бавналут. Райдайут мӕ Кувӕндонӕй». Ӕмӕ райдыдтой адӕмы хистӕртӕй, Кувӕндоны раз чи лӕууыди, уыдонӕй. 7Дунедарӕг загъта: «Фӕчъизи кӕнут Кувӕндон. Мӕрдтӕй йын байдзаг кӕнут йӕ кӕртытӕ, уый фӕстӕ-иу рацӕут». Уыдон рацыдысты ӕмӕ марын райдыдтой сахары. 8Куы сӕ мардтой, уӕд ӕз иунӕгӕй аззадтӕн, ныддӕлгом дӕн зӕххыл ӕмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Дӕ маст Йерусалимыл ӕххуырсгӕйӕ, Израилы фӕдонтӕй ма чи баззади, ӕппӕт уыдоны бабын кӕндзынӕ?» 9Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны. 10Уымӕ гӕсгӕ сын Мӕ цӕст нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕни ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн». 11Ӕмӕ мӕнӕ, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕг дзуапп радта: «Куыд мын бафӕдзӕхстай, афтӕ бакодтон».
Copyright information for
OssIBT2022