Ezekiel 13
Мӕнг пехуымпарты кӕрон
1Дунедарӕг мын загъта: 2Адӕймаджы фырт! Израилы пехуымпарты, хивӕндӕй рагуацтӕ чи дзуры, уыдоны ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын: «Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! 3Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона ӕнӕзонд пехуымпартӕн, ницы йын раргом ис, афтӕмӕй йӕхи зондӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонӕн! 4Дӕ пехуымпартӕ, Израил, — хӕлддзӕгты’хсӕн хъӕддаг куыйтӕ! 5Сымах, сахары быру кӕм ракӕлы, уыцы рӕттӕм нӕ цыдыстут ӕмӕ сӕ нӕ амадтат, цӕмӕй Дунедарӕджы тӕрхоны Бон, тохы бон, фидар лӕууа Израилы адӕмы хъахъхъӕнӕн быру. 6Сӕ цӕстылуайӕнтӕ мӕнг сты, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц, Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста, афтӕмӕй зӕрдӕ бавӕрынц, нӕ дзырд, дам, сӕххӕст уыдзӕн. 7Уӕ цӕстылуайӕн — мӕнг, уӕ рагуац дӕр — фӕлывд! Сымах дзурут: „Уый Дунедарӕг загъта“, афтӕмӕй та Ӕз нӕ загътон. 8Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕнут ӕмӕ фӕлывд цӕстылуайӕнтӕ кӕй уынут, уый тыххӕй Ӕз сыстдзынӕн уӕ ныхмӕ. 9Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый. 10Уымӕн ӕмӕ Мын уыдон Мӕ адӕмы раст фӕндагӕй здахынц ӕмӕ сын фарнӕй ныфс ӕвӕрынц, афтӕмӕй та фарнӕн йӕ кой дӕр нӕй. Мӕ адӕм тӕссонд быру куы самайынц, уӕд ӕй адон рацӕгъдынц чъырӕй». 11Чъырӕйцӕгъдджытӕн фехъусын кӕн, быру, зӕгъ, рӕхджы афӕлдӕхдзӕн. Рацӕудзӕни тыгъдызӕй, дуртау ӕркӕлдзӕн их ӕмӕ уаддым ныппырх кӕндзӕни уыцы быру. 12Уӕд дзуапп ӕрдомдзысты сымахӕй, уӕ чъырӕйцагъд цы фӕци, зӕгъгӕ. 13Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн. 14Фехалдзынӕн, чъырӕй цы быру сцагътат, уый, йӕ бындурӕй йӕ афӕлдахдзынӕн зӕххыл. Уый куы афӕлдӕха, уӕд йемӕ бабын уыдзыстут сымах дӕр, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 15Мӕ маст ныххуырсдзынӕн быруйыл ӕмӕ, чъырӕй йӕ чи сцагъта, уыдоныл. Уӕд уын зӕгъдзынӕн: нал ис быру, нал сты, чъырӕй йӕ чи сцагъта, уыдон дӕр, 16Израилы пехуымпартӕ, Йерусалимӕн пехуымпариуӕг чи кодта ӕмӕ йын, фарнӕн йӕ кой дӕр нӕ уӕвгӕйӕ, фарн ис, зӕгъгӕ, йӕ цӕстылуайӕнтӕ чи дзырдта, уыдон», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.Сылгоймӕгтӕ — мӕнг пехуымпартӕ
17Адӕймаджы фырт! Израилы сылгоймӕгтӕм, хивӕндӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонмӕ де’ргом фездах ӕмӕ сӕ ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын: 18«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона, сӕ дӕлӕрмтты дарынӕн дӕсныфӕрсӕн дзӕкъултӕ чи хуыйы ӕмӕ адӕмы ахсынӕн сӕрӕмбӕрзӕнтӕ чи аразы! Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мын Мӕ адӕмыл цуан куы кӕнат, уӕд уымӕй уӕ удтӕ фервӕзын кӕндзыстут? 19Мӕ адӕмы раз Мӕ фегад кодтат, уымӕн ӕмӕ армыдзаг хъӕбӕрхор ӕмӕ дзулы къӕбӕры тыххӕй мӕлӕты амӕттаг бакӕнут, мӕлгӕ чи хъуамӕ ма акӕна, уыдоны ӕмӕ цӕргӕйӕ ныууадзут, цӕрыны аккаг чи нӕу, уыдоны. Афтӕмӕй фӕливут, уӕ мӕнг ныхӕстӕм уын чи хъусы, уыцы адӕмы». 20Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Уӕ дӕлӕрмттӕй уын раскъӕфдзынӕн уӕ дӕсныфӕрсӕн дзӕкъултӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы цуан кӕнут адӕмыл, цӕмӕй хауой уӕ ахсӕн хызты, ӕмӕ сӕ Ӕз ссӕрибар кӕндзынӕн. 21Уӕ сӕрӕмбӕрзӕнтӕ уын аскъуыдтӕ кӕндзынӕн, Мӕ адӕмы уӕ къухтӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ амӕттаг нал уыдзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. 22Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ, 23уый тыххӕй сымах уӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ нал уындзыстут ӕмӕ пехуымпариуӕг нал кӕндзыстут. Мӕ адӕмы уын Ӕз уӕ къухтӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Copyright information for
OssIBT2022