‏ Ezekiel 3

1Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Бахӕр дӕ разы уыцы тухгӕ чиныг, уый фӕстӕ цу ӕмӕ дзургӕ кӕн Израилы адӕмӕн». 2Ӕз мӕ дзых байгом кодтон, ӕмӕ мын Уый бахӕрын кодта уыцы тухгӕ чиныг. 3Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Дӕ гуыбын байдзаг кӕн ӕмӕ дӕхи бафсад, мӕнӕ дын цы тухгӕ чиныг дӕттын, уымӕй». Ӕз бахордтон, ӕмӕ цыма мыд бахордтон, уыйау мӕ дзых садджын.

4Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Цу Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн. 5Зынхатӕн ныхас ӕмӕ къуымых ӕвзаг кӕмӕн ис, ахӕм адӕммӕ дӕ не’рвыстӕуы, фӕлӕ — Израилы адӕммӕ. 6Ӕниу дӕ, зынхатӕн ныхас ӕмӕ къуымых ӕвзаг кӕмӕн ис, ахӕм адӕмтӕм куы арвыстаин, уӕд дӕм уыдон байхъуыстаиккой. 7Израилы адӕмы та нӕ бафӕнддзӕни дӕумӕ байхъусын, уымӕн ӕмӕ Мӕ коммӕ нӕ кӕсынц — Израилы адӕм се’ппӕт дӕр хивӕнд ӕмӕ къӕйных сты. 8Фӕлӕ дӕ Ӕз уыдонау хивӕнд ӕмӕ къӕйных скӕндзынӕн. 9Алмаси ӕмӕ ӕхсондур куыд фидар сты, афтӕ дӕ сфидар кӕндзынӕн Ӕз. Ма тӕрс, тас дӕ ма бацӕуӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты змӕнтӕг адӕм».

10Загъта ма мын: «Адӕймаджы фырт! Цы ныхӕстӕ дын зӕгъын, уыдонмӕ се’ппӕтмӕ дӕр лӕмбынӕг байхъус ӕмӕ сӕ дӕ зӕрдыл бадар. 11Ацу хаст адӕммӕ, дӕ адӕммӕ, ӕмӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.“Хъусдзысты дӕм ӕви нӕ, уымӕ-иу ма кӕс».

Хуыцау Езекиелы ӕрвиты израилӕгтӕм — хаст адӕммӕ

12Уд мӕ систа, ӕмӕ ӕз мӕ фӕсчъылдымӕй фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс: «Дунедарӕджы кад арфӕгонд у Йӕ ӕрвон цӕрӕны!» 13Ноджы ма фехъуыстон цӕрӕгойты базырты, кӕрӕдзиуыл чи ӕндзӕвы, уыдоны уынӕр, стӕй цӕлхыты гыбар-гыбур цӕрӕгойты раз, уый уыди ӕрвнӕрды уынӕрау. 14Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй.

Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.
15Уӕд бацыдтӕн Кевары доны цур Тел-Авивы цӕрӕг хаст адӕммӕ. Уым баззадтӕн ӕмӕ сӕм авд боны зӕрдӕнкъуыстӕй фӕдӕн.

16Авд боны фӕстӕ мын Дунедарӕг загъта: 17«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй. 18Ӕнаккагӕн, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, куы зӕгъон, ӕмӕ йын ды зонд куынӕ амонай, уыцы ӕнаккаг фӕндагӕй раздӕх ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ, зӕгъгӕ йын куынӕ дзурай, уӕд ӕнаккаг амӕлдзӕни йӕ тӕригъӕды аххосӕй, фӕлӕ йын Ӕз йӕ туг исдзынӕн дӕуӕй. 19Фӕлӕ кӕд ӕнаккагӕн зонд амыдтай, ӕмӕ уый йӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ йӕ ӕнаккаг фӕндаг нӕ ныууагъта, уӕд амӕлдзӕн йӕ фыдракӕндты аххосӕй, ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ. 20Рӕстгӕнӕг йӕ рӕстадӕй йе’ргом куы аздаха ӕмӕ фыдракӕнд куы сараза, уӕд ын Ӕз йӕ размӕ цӕлхдур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ амӕлдзӕн. Зонд ын куынӕ амонай, уӕд амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды аххосӕй, ӕмӕ йӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ нымады дӕр нал уыдзысты, фӕлӕ йын Ӕз йӕ туг дӕуӕй исдзынӕн. 21Ӕцӕг, тӕригъӕды ма бацӕуа, зӕгъгӕ, раст адӕймагӕн зонд куы бацамонай, ӕмӕ уый тӕригъӕд ми куынӕ сараза, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕни уый дӕр, раст зонд ын кӕй бацамындӕуыд, уый фӕрцы, ӕмӕ ды дӕр дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ».

22Уыцы ран мыл Дунедарӕг Йӕ арм ӕруагъта ӕмӕ мын загъта: «Марадз, ацу быдырмӕ, Ӕз уым ныхас кӕндзынӕн демӕ». 23Ӕз сыстадтӕн ӕмӕ быдырмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ федтон Дунедарӕджы кад, Кевары доны был ӕй куыд федтон, афтӕ. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл. 24Уд бацыди мӕ мидӕг, слӕууын мӕ кодта мӕ къӕхтыл. Дунедарӕг мын загъта: «Ацу дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ дӕхиуыл дуар сӕхгӕн. 25Адӕймаджы фырт! Бӕндӕнтӕй дӕ сбӕтдзысты, ӕмӕ дӕ бон адӕммӕ рацӕуын нал суыдзӕн. 26Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Де’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн, багомыг уыдзынӕ ӕмӕ сын дӕ бон уайдзӕфтӕ кӕнын нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты. 27Фӕлӕ Ӕз демӕ куы сдзурон, уӕд дын дӕ дзых байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“. Ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнда, уый-иу байхъусӕд, кӕй нӕ фӕнда, уый та-иу ма байхъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.
Copyright information for OssIBT2022