Ezra 1
1Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта: 2«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. 3Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ. 4Ӕндӕр рӕттӕм чи фӕхауди, кӕмфӕнды уӕд, уыдонмӕ та бынӕттон цӕрджытӕ, Хуыцауы Кувӕндонӕн мысайнӕгтӕ раттынӕй уӕлдай, фӕкӕсӕнт ӕвзист, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕй“». 5Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ. 6Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ. 7Паддзах Кир рахӕссын кодта, Навуходоносор Йерусалимы кӕй байста ӕмӕ йӕхи хуыцӕутты хӕдзары кӕй сӕвӕрдта, Дунедарӕджы хӕдзары уыцы мигӕнӕнтӕ. 8Хӕзнадар Митредатӕн сӕ рахӕссын кодта Персы паддзах Кир, ӕмӕ сӕ Митредат номхыгъдмӕ гӕсгӕ Шешбаццармӕ, Иудӕйы фӕтӕгмӕ, радта. 9Уыди дзы: сыгъзӕрин тӕбӕгътӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз, ӕвзист тӕбӕгътӕ — мин, кӕрдтӕ — фараст ӕмӕ ссӕдз; 10сыгъзӕрин кӕхцытӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдз, алыхуызон ӕндӕр кӕхцытӕ — цыппарсӕдӕ дӕс, ӕндӕр алы дзауматӕ — мин. 11Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыди фондз мин цыппарсӕдӕ. Адӕм Вавилонӕй Йерусалиммӕ фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр йемӕ райста Шешбаццар.
Copyright information for
OssIBT2022