Ezra 10
1Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой. 2Уӕд Еламы байзӕддӕгтӕй иу, Шеханиа, Йехиелы фырт, Езрайӕн загъта: «Нӕ Хуыцауы раз фыдгӕнӕг стӕм, уымӕн ӕмӕ зӕххы цъары алы адӕмтӕй устытӕ фӕкуырдтам, фӕлӕ Израилӕн уыцы хъуыддаджы нырма йӕхи сраст кӕнӕн ис. 3Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд! 4Уӕдӕ сыст уӕлӕмӕ, хъуыддаг дӕуӕй аразгӕ у, ӕмӕ мах дӕр дӕумӕ кӕсӕм: цырд фӕлӕуу ӕмӕ февнал!» 5Езра бавдӕлд ӕмӕ сауджынты, левитты хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй ард бахӕрой, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ уыдон ард бахордтой. 6Сыстади Езра Хуыцауы хӕдзары цурӕй, Елиашивы фырт Йохананы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йе’хсӕв уым арвыста. Къӕбӕр дӕр дзы нӕ бахордта, дон дӕр дзы нӕ бануӕзта: ӕрбалидзджыты фыдракӕндыл марой кодта. 7Уӕдмӕ ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы фехъусын кодтой, уацары чи уыди, уыдон Йерусалиммӕ куыд ӕрӕмбырд уой. 8Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты’хсӕн хъоды бакӕндзысты. 9Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты. 10Сыстади Езра, сауджын, ӕмӕ загъта: «Ӕндӕрмыггаг сылгоймӕгты кӕй ракуырдтат, уый уын фыдракӕнд уыди, ӕмӕ афтӕмӕй Израилы азымы баппӕрстат. 11Уый тыххӕй хатыр ракурут Дунедарӕгӕй, уӕ фыдӕлты Хуыцауӕй, ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнут Йӕ фӕндон: ахицӕн ут дунейы иннӕ адӕмтӕй ӕмӕ уе’ндӕрмыггаг устытӕй». 12Ӕмбырды адӕм ӕмхъӕлӕсӕй схор-хор кодтой: «Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм, 13Фӕлӕ ам бирӕ адӕм ис, ӕмӕ сын уынджы ӕрлӕууӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг къӕвдаджын у. Хъуыддагӕн та иу кӕнӕ дыууӕ бонмӕ алыггӕнӕн нӕй: нӕ тӕригъӕдтӕ бирӕ сты. 14Фӕлтау ӕппӕт адӕмы бӕсты нӕ хицӕуттӕ ӕрбамбырд уӕнт, ӕмӕ, ӕндӕрмыггаг устытӕ чи ракуырдта, уыдон иууылдӕр нысангонд рӕстӕг ардӕм цӕуӕнт, алкӕмӕн дӕр дзы йемӕ йӕ сахары хистӕртӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ, афтӕмӕй, цалынмӕ нӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй Хуыцауы карз фыдӕхӕй схицӕн уӕм, уӕдмӕ». 15Ныхмӕ рацыдысты ӕрмӕст Йонатан, Асаелы фырт, ӕмӕ Йахзе, Тиквайы фырт. Уыдоны фарс ма рахӕцыдысты Мешуллам ӕмӕ Шабтай-левит дӕр. 16Афтӕ ацыд уацарӕй ӕрбаздӕхджыты хъуыддаг. Езра-сауджын алы хӕдзарвӕндагӕн дӕр йӕ хистӕры равзӕрста, се’ппӕтмӕ дӕр номхуындӕй фӕдзырдта. Ӕвзӕрст лӕгтӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй дӕсӕм мӕйы фыццаг бон ӕрӕмбырд сты. 17Йӕ бинойнаг ӕндӕр адӕмӕй кӕмӕн уыди, уыцы израилӕгты сбӕлвырд кодтой фыццаг мӕйы фыццаг бонмӕ. 18Сауджынты фырттӕй ӕндӕрмыггаг бинойнӕгтӕ кӕмӕн разынди, уыдон уыдысты: Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йе’фсымӕрты лӕппутӕ — Маасеа, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедалиа.19Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй;
20Иммеры фырттӕй — Ханани ӕмӕ Зевадиа;
21Харимы фырттӕй — Маасеа, Илийа, Шемайа, Йехиел ӕмӕ Узийа;
22Пашхуры фырттӕй — Елйоенай, Маасеа, Измаел, Нетанел, Йозавад ӕмӕ Еласа;
23левиттӕй — Йозавад, Шими ӕмӕ Келайа — Келита дӕр ӕй хонынц, Петахиа, Иудӕ ӕмӕ Елиезер;
24зарӕггӕнджытӕй — Елиашив; дуаргӕстӕй — Шаллум, Телем ӕмӕ Ури;
25Израилы адӕмӕй: Парошы фырттӕй — Рамиа, Иззиа, Малкиа, Миамин, Елеазар, Малкиа ӕмӕ Бенайа;
26Еламы фырттӕй: Маттаниа, Захариа, Йехиел, Авди, Йеремот ӕмӕ Илийа;
27Заттуйы фырттӕй: Елйоенай, Елиашив, Маттаниа, Йеремот, Завад ӕмӕ Азиза;
28Бевайы фырттӕй: Йоханан, Хананиа, Заббай ӕмӕ Атлай;
29Банийы фырттӕй: Мешуллам, Маллух, Адайа, Йашув, Шеал ӕмӕ Йеремот;
30Пахат-Моавы фырттӕй: Адна, Келал, Бенайа, Маасеа, Маттаниа, Бецалел, Биннуй ӕмӕ Менассиа;
31Харимы фырттӕй: Елиезер, Ишшиа, Малкиа, Шемайа, Шимон, 32Бениамин, Маллух, Шемариа;
33Хашумы фырттӕй: Маттенай, Маттата, Завад, Елифелет, Йеремай, Менассиа ӕмӕ Шими;
34Банийы фырттӕй: Маадай, Амрам ӕмӕ Уэл, 35Бенайа, Бедеа, Келуху, 36Ванеа, Меремот, Елиашив, 37Маттаниа, Маттенай, Йаасай.
38Биннуйы мыггагӕй — Шими, 39Шелеми, Натан, Адайа, 40Махнадвай, Шашай, Шарай, 41Азарел, Шелеми, Шемариа, 42Шаллум, Амариа ӕмӕ Йосеф;
43Невойы фырттӕй: Йеиел, Маттитиа, Завад, Зевина, Йаддай, Иоел ӕмӕ Бенайа.
44Адонӕн се’ппӕтӕн дӕр сӕ устытӕ уыдысты ӕндӕр адӕмтӕй. Иуӕй-иутӕн дзы уыди сывӕллӕттӕ.
Copyright information for
OssIBT2022