‏ Ezra 2

1Мӕнӕ адон сты, Вавилоны паддзах Навуходоносор йемӕ уацары кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ — алчи йӕхи сахармӕ — чи ӕрыздӕхти, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ. 2Уыдон ӕрыздӕхтысты Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Сераимӕ, Реелайаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Рехумимӕ ӕмӕ Баанаимӕ. Уыцы израилӕгты нымӕц у: 3Парошы мыггаг — дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ;
4Шефатийы мыггаг — ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ;
5Арахы мыггаг — авдсӕдӕ ӕвдай фондз;
6Пахат-Моавы мыггаг (Йешуа ӕмӕ Йоавы байзӕддӕгтӕ) — дыууӕ мин астсӕдӕ дыууадӕс;
7Еламы мыггаг — иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар;
8Заттуйы мыггаг — фарастсӕдӕ цыппор фондз;
9Заккайы мыггаг — авдсӕдӕ ӕхсай;
10Банийы мыггаг — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ;
11Бевайы мыггаг — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын ӕртӕ;
12Азгады мыггаг — иу мин дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;
13Адоникамы мыггаг — ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз;
14Бигвайы мыггаг — дыууӕ мин фӕндзай ӕхсӕз;
15Адины мыггаг — цыппарсӕдӕ фӕндзай цыппар;
16Атеры мыггаг (Езекиайы байзӕддӕгтӕ) — нӕуӕдз аст;
17Бецайы мыггаг — ӕртӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ;
18Йорайы мыггаг — сӕдӕ дыууадӕс;
19Хашумы мыггаг — дыууӕсӕдӕ дыууын ӕртӕ;
20Гибары мыггаг — нӕуӕдз фондз;
21Вифлеемӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын ӕртӕ;
22Нетофӕй рацӕуджытӕ — фӕндзай ӕхсӕз;
23Анатотӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын аст;
24Азмаветӕй рацӕуджытӕ — цыппор дыууӕ;
25Кирйат-Иаримӕй, Кефирайӕ ӕмӕ Бееротӕй рацӕуджытӕ — авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ;
26Рамайӕ ӕмӕ Гевӕйӕ рацӕуджытӕ — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу;
27Михмасӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын дыууӕ;
28Вефилӕй ӕмӕ Гайӕ рацӕуджытӕ — дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;
29Невойӕ рацӕуджытӕ — фӕндзай дыууӕ;
30Магбишӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз;
31иннӕ Еламӕй рацӕуджытӕ — мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар;
32Харимы мыггаг — ӕртӕсӕдӕ дыууын;
33Лодӕй, Хадидӕй ӕмӕ Онойӕ рацӕуджытӕ — авдсӕдӕ дыууын фондз;
34Йерихонӕй рацӕуджытӕ — ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз;
35Сенаайӕ рацӕуджытӕ — ӕртӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын;
36сауджынтӕ: Иедайайы мыггагӕй (Йешуайы байзӕддӕгтӕ) — фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ;
37Иммеры мыггаг — иу мин фӕндзай дыууӕ;
38Пашхуры мыггаг — иу мин дыууӕсӕдӕ цыппор авд;
39Харимы мыггаг — иу мин ӕвддӕс.
40Левиттӕ: Йешуайы ӕмӕ Кадмиелы мыггӕгтӕй (Ходавийы байзӕддӕгтӕ) — ӕвдай цыппар.

41Зарӕггӕнджытӕ: Асафы мыггагӕй — сӕдӕ дыууын авд.

42Кувӕндоны дуаргӕстӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы мыггӕгтӕ — ӕдӕппӕтӕй сӕдӕ ӕртын фараст лӕджы.

43Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты, 44Керосы, Сиахайы, Падоны, 45Леванайы, Хагавайы, Аккувы, 46Хагавы, Шалмайы, Хананы, 47Гидделы, Гахары, Реаиайы, 48Рецины, Некодайы, Газамы, 49Уззайы, Пасеахы, Бесайы, 50Аснайы, Меунимы, Нефусимы, 51Бакбукы, Хакуфайы, Хархуры, 52Бацлиты, Мехидайы, Харшайы, 53Баркосы, Сисерайы, Темахы, 54Нециахы, Хатифайы мыггӕгтӕ.

55Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ: Сотайы, Софереты, Перудайы, 56Иалайы, Дарконы, Гидделы, 57Шефатийы, Хаттилы, Покерет-Цеваимы ӕмӕ Амийы байзӕддӕгтӕ. 58Кувӕндоны кусджыты ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.

59Стӕй ма, Тел-Мелах, Тел-Харша, Керув, Аддан, Иммерӕй чи рацыд, фӕлӕ йӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ мыггаг Израилӕй сты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ бацис, уыдон: 60Делаийы, Товиайы, Некодайы байзӕддӕгтӕ — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ.

61Сауджынты хӕдзарвӕндӕгтӕй: Ховайайы, Хакоцы, Барзиллайы (ацы лӕг галаадаг Барзиллайы чызджытӕй иуы ракуырдта ӕмӕ йӕ каисы ном хӕссын райдыдта) байзӕддӕгтӕ. 62Сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды сӕ фыдӕлты агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕгыл нымад не’рцыдысты ӕмӕ сауджынты номхыгъдмӕ нал бахаудтой. 63Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй». 64Ӕппӕт дзыллӕйы нымӕц иумӕ уыди цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай. 65Сӕ унӕуттӕ ӕмӕ цагъарты сын куынӕ нымайай, уӕд. Нӕлгоймаг ӕмӕ сӕм сылгоймаг унӕуттӕ ӕмӕ цагъартӕ та уыди авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд; семӕ ма ноджы — уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, дыууӕсӕдӕ нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы. 66Бӕхтӕ сӕм уыдис авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хӕргӕфсытӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор фондз, 67теуатӕ — цыппарсӕдӕ ӕртын фондз, хӕрджытӕ — ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын.

68Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ, Дунедарӕгӕн Йерусалимы цы хӕдзар ис, уырдӕм барвӕндоны нывӕндтимӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар бындуронӕй ногӕй арӕзт ӕрцӕуа, уый тыххӕй. 69Йӕ къух кӕмӕн куыд амыдта, афтӕ хӕдзар ногӕй саразынӕн радтой ӕхсай иу мин драхмӕйы сыгъзӕрин, фондз мин минӕйы ӕвзист ӕмӕ сӕдӕ фӕлысты та сауджыны дарӕстӕ.

70Сауджынтӕ дӕр, левиттӕ дӕр, адӕм дӕр, уадынгӕрзтыл цӕгъдджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр, дуаргӕстӕ дӕр, Кувӕндоны кусджытӕ дӕр ӕрбынӕттон сты сахарты ӕмӕ сӕ алфамбылӕйтты. Израил иууылдӕр сӕ сахарты цӕрын райдыдтой.
Copyright information for OssIBT2022