Ezra 3
1Ӕвдӕм мӕй, Израил сӕ райгуырӕн сахарты куы’рбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, ӕрӕмбырд сты Йерусалиммӕ. 2Ӕмӕ бавдӕлдысты Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йӕ сауджын ӕмбӕлттӕ, стӕй Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ йе’рвадӕлтӕ ӕмӕ Израилы Хуыцауӕн сарӕзтой нывондхӕссӕн, цӕмӕй йыл, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ иууылсудзинӕгтӕ судзой. 3Кӕд ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй ӕдас нӕ уыдысты, уӕддӕр нывондхӕссӕн йӕ бынаты сӕвӕрдтой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ, сӕумӕйы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕ, судзын райдыдтой Дунедарӕджы номыл. 4Ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ скодтой Халагъудты бӕрӕгбон ӕмӕ, цас ӕмбӕлы, уымӕ гӕсгӕ ӕрвылбон дӕр хастой бӕрӕгбӕрц иууылсудзинӕгтӕ. 5Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг хӕссын райдыдтой ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд, хастой нывӕндтӕ алы мӕйноджы дӕр ӕмӕ Дунедарӕджы алы сыгъдӕг бӕрӕгбоны дӕр, уымӕй уӕлдай ма кувджытӕй алчидӕр Дунедарӕджы номыл хаста бархийы нывӕндтӕ. 6Ӕвдӕм мӕйы фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдтой Дунедарӕджы номыл, фӕлӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд нӕма уыди. 7Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ. 8Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой. 9Йешуа, йӕ фырттӕ ӕмӕ йе’фсымӕртӕ, Кадмиел ӕмӕ йӕ фырттӕ — Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕджы хӕдзар саразыныл чи архайдта, уыдонмӕ хъусдарджытӕ систы. Афтӕ Хенадады фырттӕ дӕр сӕ левит фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ — уыдон дӕр систы хъусдарджытӕ. 10Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ. 11Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый,Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!»
Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй. 12Раздӕры Кувӕндон чи ӕрӕййӕфта, уыцы сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй, зӕрӕдтӕй бирӕтӕ, ног Кувӕндоны бындурмӕ кӕсгӕйӕ, ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕ та сӕ цин нӕ урӕдтой ӕмӕ ӕхсызгон хъӕртӕ кодта. 13Цин чи кодта ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй чи ӕрдиаг кодта, уый зын равзарӕн уыди: сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр хъӕр кодтой хъӕлӕсыдзагӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр дардмӕ хъуысти.
Copyright information for
OssIBT2022