Ezra 5
1Фӕлӕ пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, Израилы Хуыцауы тыххӕй пехуымпар ныхас кодтой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрӕг иудейӕгтӕн. 2Уыйадыл Шеалтиелы фырт Зоровавел ӕмӕ Иоцадакы фырт Йешуа, семӕ, ӕххуыс сын чи кодта, Хуыцауы уыцы пехуымпартӕ, афтӕмӕй Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. 3Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ сӕм Доны Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се’мбӕлттимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ бафарстой, чи уын бар радта, цӕмӕй ацы бӕстыхай дарддӕр аразат ӕмӕ ацы къултӕ кӕронмӕ амайат, зӕгъгӕ. 4Ноджы ма бафарстой: «Ацы агъуыст чи аразы, уыдоны нӕмттӕ цы хуыйнынц?» 5Фӕлӕ иудейаг хистӕртӕн сӕ Хуыцау ӕххуыс кодта, ӕмӕ сӕ нӕ бахъыгдӕрдтой. Хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй уал Даримӕ ныффыстой ӕмӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. 6Мӕнӕ бӕстон, Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се’мбӕлттимӕ, цӕугӕдоны фаллаг фарс цӕрӕг афарсатхӕгтимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой, уый мидис. 7Цы фыстӕг арвыстой, уым дзырдӕуыди: «Паддзах Дарий алцыппӕтӕй дӕр рӕстмӕ уӕд! 8Паддзахӕн хъусын кӕнӕм, мах кӕй фӕцыдыстӕм Иудейы бӕстӕм ӕмӕ Стыр Хуыцауы хӕдзар кӕй бабӕрӕг кодтам. Егъау дуртӕй йӕ кӕнынц, дурӕй амайынц къултӕ, хъӕдӕрмӕгӕй дӕр пайда кӕнынц, афтӕмӕй. Куыст хӕлофӕй цӕуы размӕ, аразджытӕн дзӕвгар ӕнтысы. 9Мах аразджыты бафарстам, чи уын радта ацы агъуыст ногӕй рацаразыны ӕмӕ ацы къултӕ самайыны бар, зӕгъгӕ, 10сӕ нӕмттӕй дӕр сӕ бафарстам, цӕмӕй сӕ дӕуӕн фехъусын кӕнӕм ӕмӕ дӕм сӕ хистӕрты нӕмттӕ ныффыссӕм. 11Аразджытӕ нын дзуапп радтой, мах, дам, стӕм уӕларв ӕмӕ зӕххы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аразӕм, бирӕ азты размӕ Израилы стыр паддзах кӕй арӕзта ӕмӕ арӕзт кӕй фӕци, уыцы хӕдзар. 12Иуахӕмы нӕ фыдӕлтӕ уӕларвон Хуыцауы сӕхимӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ Уый Вавилоны паддзах, халдейаг Навуходоносоры къухтӕм радта. Уыйадыл Навуходоносор Хуыцауы хӕдзар фехӕлдта, адӕмы та Вавилонмӕ атардта. 13Фӕлӕ Кир Вавилоны паддзах куы сси, уымӕн йӕ фыццаг аз бардзырд радта, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ саразой. 14Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны кувӕндоны кӕй сӕвӕрдта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ паддзах Кир уырдыгӕй рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ, Иудейы бӕстӕйӕн хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, йӕ ном Шешбаццар, уымӕ радта. 15Загъта йын, цӕмӕй уыцы мигӕнӕнтӕ Йерусалимы Кувӕндонмӕ фӕхӕсса. Уадз ӕмӕ, дам, Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ бынаты сырӕза. 16Уыцы Шешбаццар ацыди ӕмӕ Хуыцауы хӕдзарӕн бындур сӕвӕрдта Йерусалимы. Уӕдӕй нырмӕ Хӕдзарыл архайд цӕуы, ӕмӕ арӕзт нӕма фӕци. 17Кӕд паддзахӕн фӕндон уа, уӕд уым, Вавилоны, паддзахӕн цы чингуыты ӕвӕрӕндон ис, уым бацагурын кӕнӕд паддзах Киры уынаффӕ ӕмӕ нын, ӕцӕгӕйдӕр радта Кир Хуыцауы ацы хӕдзар аразыны бар Йерусалимы ӕви нӕ, уый фехъусын кӕнӕд».
Copyright information for
OssIBT2022