Ezra 6
1Уыйадыл, Дарийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, сӕ хӕзнатӕ кӕм ӕфснайдтой, уым, Вавилоны, чингуыты ӕвӕрӕндоны, агурынтӕ райдыдтой. 2Фӕлӕ тухгӕ чиныг ссардтой Екбатаны галуаны, Мидийы. Фыст дзы уыди: «Зӕрдыл дарынӕн. 3Паддзах куы сси, уымӕн йӕ фыццаг аз Кир бардзырд радта Йерусалимы Хуыцауы хӕдзары тыххӕй: нывӕндтӕ кӕм хӕссынц, уыцы ран ын бындур ӕвӕрд ӕрцӕуӕд, ӕмӕ дзы сырӕзӕд. Йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ уӕрх уӕнт фӕйнӕ ӕртиссӕдз ӕлмӕрины. 4Стыр дуртӕй ӕртӕ рӕнхъы рацамайӕнт, хъӕдӕй — иу рӕнхъ; аразынӕн цы бахъӕуа, уый — паддзахы къазнайы хардзӕй. 5Стӕй Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны кӕй балӕууын кодта, уыдон — фӕстӕмӕ ратгӕ сты, алкӕцы дӕр дзы Хуыцауы хӕдзары хъуамӕ йӕ фыццаг бынатыл сӕмбӕла. 6Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй. 7Хуыцауы хӕдзары арӕзтад ма къуылымпы кӕнут. Иудейы бӕстыхицау ӕмӕ иудейаг хистӕртӕ Хуыцауы хӕдзар саразӕнт йӕ раздӕры бынаты. 8Ӕз уын бардзырд дӕттын: иудейаг хистӕртӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ хуыз райса. Уыцы адӕмӕн паддзахы исбонӕй — Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ фиддонтӕй — ӕвӕстиатӕй хай кӕнут, цӕмӕй куыст къуылымпы ма цӕуа. 9Уӕларвон Хуыцауы номыл иууылсудзинӕгтӕн родӕй, фырӕй, уӕрыккӕй цы бахъӕуа, стӕй хорӕй, цӕххӕй, сӕнӕй, оливӕйы сойӕ йерусалимаг сауджынтӕ цас зӕгъой, уый бӕрц сын алы бон дӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕвӕрд цӕуӕд. 10Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт. 11Ӕз уын зӕгъын: мӕ бардзырды ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уымӕн йӕ хӕдзарӕй хъайван рафтаудзысты, зӕххы йӕ ныссадздзысты ӕмӕ йӕ уыцы хъайваныл зӕгӕлтӕй ныххойдзысты. Йӕ хӕдзарӕй та йын бырондон скӕндзысты. 12Ацы бардзырды ныхмӕ цы паддзах кӕнӕ адӕм рацӕуой ӕмӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзарӕн зиан ракӕнынмӕ йӕ къух кӕмӕн батаса, уыдоны баййафӕд, уыцы хӕдзар Кӕй номыл у, уыцы Хуыцауы фыдӕх. Ӕз, Дарий, дӕттын ацы бардзырд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгонд ӕрцӕуа». 13Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се’мбӕлттимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ паддзах Дарийы бардзырд сӕххӕст кодтой. 14Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ. 15Хӕдзар арӕзт фӕцис адары мӕйы ӕртыккаг бон. Уый уыди, Дарий паддзах куы сси, уымӕн йӕ ӕхсӕзӕм аз. 16Израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр райгӕ скуывтой Хуыцауы хӕдзарӕн. 17Ӕппӕт израилӕгты тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхастой сӕдӕ галы, дыууӕсӕдӕ фысы, цыппарсӕдӕ уӕрыччы. Дыууадӕс нӕл сӕгъы та — Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ. 18Цӕмӕй Хуыцауӕн Йерусалимы лӕггад кӕной, уый тыххӕй сауджынты, кӕмӕн цы ран ӕмбӕлы, уым ӕрлӕууын кодтой, левитты та сӕ радмӕ гӕсгӕ, Моисейы чиныджы куыд амынд ис, афтӕ. 19Уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон Куадзӕн сбӕрӕг кодтой фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон. 20Уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ сауджынтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой, левиттӕ дӕр иууылдӕр иу адӕймаджы хуызӕн сыгъдӕг уыдысты ӕмӕ Куадзӕны нӕл уӕрыччытӕ аргӕвстой, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр, сауджынтӕн, се’фсымӕртӕн ӕмӕ сӕхицӕн. 21Нывонд фыдызгъӕлӕй аходыдтой уацарӕй ӕрбаздӕхӕг израилӕгтӕ ӕмӕ, бынӕттон адӕмты чъизитӕй йӕхи аиуварсгӕнгӕйӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, йӕхи бафӕдзӕхсгӕйӕ семӕ чи бамбал, ӕппӕт уыдон. 22Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.
Copyright information for
OssIBT2022