Ezra 7
1Ацы хабӕртты фӕстӕ, Персы паддзах Артаксерксы заман, Езра — Серайы, Азариайы ӕмӕ Хилкиайы, 2Шаллумы, Цадокы ӕмӕ Ахитувы, 3Амариайы, Азариайы ӕмӕ Мерайоты, 4Зерахийы, Уззийы ӕмӕ Буккийы, 5Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт — 6рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта. 7Артаксеркс уӕд ӕвдӕм аз паддзахиуӕг кодта. Езраимӕ ма Йерусалиммӕ чидӕртӕ ацыдис Израилы дзыллӕйӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕй, 8уыдон Артаксерксы заманӕн йӕ ӕвдӕм азы фӕндзӕм мӕй бахӕццӕ сты Йерусалиммӕ. 9Фыццаг мӕйы фыццаг бон рараст ис Езра Вавилонӕй ӕмӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон бахӕццӕ Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау Йӕ арм дардта. 10Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн. 11Паддзах Артаксеркс сауджын Езрайӕн, динамонӕгӕн, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Ӕгъдауыл Израилы ахуыргӕнӕгӕн цы фыстӕг радта, уым дзырдӕуыди: 12«Ӕз, Артаксеркс, паддзӕхты паддзах, сауджын Езрайӕн, Уӕларвон Хуыцауы алцӕмӕй ӕххӕст Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕгӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр, 13бафӕдзӕхстон, цӕмӕй, мӕ паддзахады Израилы адӕм, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чи ис, уыдонӕй Йерусалиммӕ кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдон ацӕуой йемӕ. 14Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ авд уынаффӕгӕнӕджы дӕу Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрвитынц, дӕ къухы чи ис, дӕ Хуыцауы уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕм ӕркӕсынмӕ; 15Йӕ цӕрӕнуат Йерусалимы кӕмӕн ис, Израилы уыцы Хуыцауӕн паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин мысайнӕгтӕ ӕрӕвӕрдтой, 16уыдон, ӕгас Вавилоны цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕрӕмбырд кӕнай ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕ ӕмӕ сауджынтӕ сӕ Хуыцауы хӕдзарӕн Йерусалимы барвӕндӕй цы лӕвӕрттӕ ракӕной, уыдӕттимӕ иумӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнынмӕ. 17Уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхцатӕй ӕвӕстиатӕй балхӕн галтӕ, фыстӕ, уӕрыччытӕ, стӕй, хойрагӕй ӕмӕ нуазинагӕй семӕ кувинагӕн цы’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ фӕхӕццӕ кӕн Йерусалиммӕ, уӕ Хуыцауы хӕдзары нывондхӕссӕнмӕ. 18Ӕвзист ӕмӕ ма сыгъзӕринӕй цы баззайа, уымӕй та, уӕ Хуыцауы фӕндӕй, дӕу ӕмӕ де’фсымӕрты цы бафӕнда, уый саразут. 19Дӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн дын лӕвӕрд цы мигӕнӕнтӕ ӕрцыдис, уыдон та сӕвӕр Йерусалимы Хуыцауы раз. 20Уымӕй уӕлдай ма дӕ Хуыцауы хӕдзарӕн хъӕугӕйыл цы банымайай, уыдон та дӕтт паддзахы хӕзнадонӕй. 21Ӕз, паддзах Артаксеркс, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хӕзнадартӕн се’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхсын: сауджын Езра, Уӕларвон Хуыцауы Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕг, цыдӕриддӕр бадома, уый йын дӕттут ӕвӕстиатӕй: 22ӕвзист — сӕдӕ таланты, мӕнӕу — сӕдӕ коры, сӕн — сӕдӕ баты, оливӕйы сой — сӕдӕ баты, цӕхх та — цасдӕриддӕр бахъӕуа, уый бӕрц. 23Уӕларвон Хуыцауы фӕндон хъуамӕ биноныгӕй ӕххӕстгонд цӕуа Йӕ хӕдзарӕн, цӕмӕй паддзахад, паддзах ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы фыдӕхӕй хызт уой. 24Уымӕй уӕлдай ма уын хъуамӕ зындгонд уа, Хуыцауы уыцы хӕдзары сауджынтӕ, левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕй никӕуыл ис ӕвӕрӕн нӕдӕр фиддон, нӕдӕр хъалон, нӕдӕр илци. 25Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут. 26Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон». 27Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта! 28Паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджыты, паддзахы хъомысджын ӕлдӕртты хорзӕх мын Чи радта! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, аудыдта мӕныл, ӕмӕ уымӕн фӕныфсджын дӕн ӕз ӕмӕ Израилы хистӕрты дӕр уымӕн сразӕнгард кодтон мемӕ цӕуынмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022