‏ Ezra 9

1Уый фӕстӕ мӕм хистӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ мын загътой, израилӕгтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕндӕр адӕмтимӕ — ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, йевусӕгтӕ, аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ, мысырӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтимӕ — ӕмдзӕхтон кӕнынц, се’гъдӕуттыл сын ныххӕцыдысты, зӕгъгӕ. 2Уый та уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр бинонтӕ уыдоны сылгоймӕгтӕй хӕссынц ӕмӕ нын афтӕмӕй ӕндӕр адӕмтимӕ нӕ сыгъдӕг туг хӕццӕ кӕнынц. Уыцы ӕнӕуаг хъуыддаджы та, дам, ӕппӕты разӕй дзыллӕйы хӕрзӕджытӕ ӕмӕ хистӕртӕ фесты.

3Уыцы ныхас куы фехъуыстон, уӕд мӕ дарӕстӕ, ӕддагӕй-мидӕггагӕй, фыр адӕргӕй арӕдывтон фӕйнӕрдӕм, мӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ боцъотӕ тыдтон. Цавддурау бадтӕн, 4афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон. 5Изӕры нывонд хӕссыны афон мӕ хъынцъымы бынатӕй сыстадтӕн, ӕддагӕй-мидӕггагӕй бызгъуыр чи фестади, мӕ уыцы дарӕсы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ, мӕ къухтӕ сивӕзтон: 6«О мӕ Хуыцау! Фыр къӕмдзӕстыгӕй Дӕм мӕ цӕсгом равдисын дӕр куынӕуал уӕндын, уымӕн ӕмӕ не’наккаг митӕ нӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты ӕмӕ нӕ азым уӕларвмӕ схӕццӕ ис. 7Фыдӕлтӕй нырмӕ нӕ азым стыр у; не’нӕгъдау миты тыххӕй баистӕм мӕнӕ абон нӕхӕдӕг дӕр, нӕ паддзӕхтӕ дӕр, нӕ сауджынтӕ дӕр ӕндӕрбӕстаг паддзӕхты амӕттаг, сӕ кардылӕфтыдӕй ныл сыгъд ӕмӕ уырыд уацайраджы аллайаг бон уый тыххӕй акодта. 8Фӕлӕ нын чысыл фӕстӕдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодта, кӕйдӕрты нӕ мӕлӕтӕй бахызта ӕмӕ нӕ Йӕ рухс хӕдзары цур ӕрцӕрын кодта. Нӕ цӕстытӕй нӕ ракӕсын кодта ӕмӕ нын нӕ цагъары уавӕры дӕр иу чысыл нӕхиуыл схӕцыны фадат радта. 9Кӕд цагъартӕ стӕм, уӕддӕр нӕ рохуаты нӕ ныууагъта нӕ Хуыцау. Схайджын нӕ кодта Персы паддзӕхты хорзӕхӕй, ӕмӕ нын уыдон фадат радтой не уӕнгтӕ айтынг кӕнынӕн, сӕ арм ныл дардтой Иудей ӕмӕ Йерусалимы, цӕмӕй мах нӕ Хуыцауы хӕлд хӕдзар ногӕй саразӕм.

10Уыдӕтты фӕстӕ ныр цы хъуамӕ зӕгъӕм мах, нӕ Хуыцау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ дын куы ферох кодтам?! 11Дӕ фӕдзӕхстытӕ Ды махӕн фехъусын кодтай Дӕ кувӕг пехуымпарты фӕрцы ӕмӕ дзырдтай: „Байсынмӕ цы зӕхмӕ цӕут, уый сыгъдӕг нӕу, сӕ чъизитӕй йӕ фелгъаг кодтой ӕндӕрмыггаг адӕмтӕ, се’лгъаг митӕй ӕмыдзаг у йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. 12Уӕ чызджыты сын сӕ лӕппутӕн ма дӕттут, сӕ чызджыты та сын уӕ лӕппутӕн ма курут. Уыцы зӕххыл цӕмӕй ӕрфидар уат ӕмӕ уын йӕ хорзӕхтӕй хай уа, цӕмӕй йӕ уӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕйы исбонӕн ныууадзат, уый тыххӕй уӕ уымы адӕмы сӕр ничердӕм хъӕуы“. 13Не’взӕр хъуыддӕгты ӕмӕ стыр азымы тыххӕй нӕ кӕд Дӕ азар баййӕфта, уӕддӕр нын Ды, нӕ Хуыцау, батӕригъӕд кодтай ӕмӕ нын не’наккаг миты бӕрц нӕ фӕдӕ. 14Ӕмӕ ма уыдӕтты фӕстӕ, ау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй халдзыстӕм ӕмӕ уыцы ӕлгъаг адӕмтимӕ хӕстӕгиуӕг кӕндзыстӕм? Ӕмӕ нӕм уӕд бындзагъд ныккӕныны онг не смӕсты уыдзынӕ, аирвӕзӕг дӕр нӕ куыннӕуал уа ӕмӕ нын аирвӕзӕн дӕр куыннӕуал уа, афтӕ?

15Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕнаипп Дӕ Ды! Уымӕн ӕмӕ мах абоны онг сӕрӕгас стӕм ӕмӕ не’наккаг митимӕ Дӕ разы лӕууӕм, афтӕмӕй та нын ахӕм миты фӕстӕ хъуамӕ Дӕ разы лӕууӕн ма уаид».
Copyright information for OssIBT2022