‏ Galatians 1

Арфӕйы ныхӕстӕ

1Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй, a 2стӕй, мемӕ чи ис, ӕппӕт уыцы ӕфсымӕртӕй Галатийы аргъуантӕм.

3Хорзӕх ӕмӕ уын фарн — Хуыцауӕй, нӕ Фыдӕй, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. 4Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ — афтӕ бафӕндыди Хуыцауы, нӕ Фыды. b 5Кад Ын уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.

Ӕндӕр Фарны Уац нӕй

6Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр Фарны Уацмӕ уе’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый. 7Уый ӕндӕр Фарны Уац нӕу, ӕрмӕст ис, уӕ зонд уын чи змӕнты ӕмӕ Чырыстийы Фарны Уац сзыгъуыммӕ кӕнын кӕй фӕнды, ахӕмтӕ. c 8Фӕлӕ уын суанг мах кӕнӕ зӕд уӕларвӕй куы хъусын кӕна, мах уын кӕй нӕ хъусын кодтам, ахӕм Фарны Уац, уӕд дӕр ӕлгъыст фӕуӕд йӕ хъусынгӕнӕг. 9Раздӕр цы дзырдтам, уый зӕгъын ныр дӕр: махӕй цы Фарны Уац фехъуыстат, уымӕй фӕстӕмӕ уын ӕндӕр Фарны Уац чи хъусын кӕны, уый ӕлгъыст фӕуӕд.

10Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин. d

Павел апостол куыд сси

11Зонут ӕй, ме’фсымӕртӕ: ӕз цы Фарны Уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд. 12Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта. e

13Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕфхӕрыныл куыд нӕ ауӕрстон ӕмӕ йӕ куыд дӕрӕн кодтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат. f 14Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ. 15Фӕлӕ ма мады гуыбыны куы уыдтӕн, уӕд мӕ Чи сӕвзӕрста, стӕй мӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцауы куы бафӕндыд g 16мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон. h 17Мӕ размӕ апостол чи сси, уыдонмӕ нӕ ацыдтӕн Йерусалиммӕ, фӕлӕ ацыдтӕн Аравимӕ, уырдыгӕй та ӕрбаздӕхтӕн Дамаскмӕ.

18Стӕй, ӕртӕ азы фӕстӕ, ацыдтӕн Йерусалиммӕ, цӕмӕй базонгӕ уон Кифӕимӕ; ӕмӕ йӕм фӕдӕн фынддӕс боны. i 19Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон. j 20Цы уӕм фыссын, зӕгъын уын Хуыцауы раз, уымӕй та сайгӕ нӕ кӕнын. k

21Уый фӕстӕ ацыдтӕн Сири ӕмӕ Киликимӕ. l 22Иудейы чи ис, Чырыстийы уыцы аргъуанты уырнджытӕн лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ нӕ уыдтӕн. 23Ӕрмӕст фехъуыстой, зӕгъгӕ, кӕддӕр сӕ чи ӕфхӕрдта, уый ныр, раздӕр йӕ фесафыныл кӕмӕн архайдта, уыцы уырнындзинады тыххӕй хъусын кӕны Фарны Уац. 24Ӕмӕ мӕн тыххӕй кад кодтой Хуыцауӕн.
Copyright information for OssIBT2022