Galatians 2
Павел ӕмӕ иннӕ апостолтӕ
1Фӕстӕдӕр, цыппӕрдӕс азы фӕстӕ, Варнавӕимӕ ногӕй ацыдтӕн Йерусалиммӕ, Титы дӕр акодтон немӕ. 2Уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй хъӕуы, уый та мын раргом ис Хуыцауӕй, ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕгтӕн цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй. Хицӕнӕй ма ныхас кодтон номджын хистӕртимӕ, цӕмӕй сбӕлвырд уа, ӕз дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ кусын. a 3Ме’мбӕлццон Тит бердзенаг уыди, фӕлӕ уымӕй дӕр сунӕт скӕнын нӕ домдтой, b 4кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ. c 5Фӕлӕ сын мах нӕ басастыстӕм ӕмӕ иу сахаты бӕрц дӕр нӕ бахаудтам сӕ дӕлбар, цӕмӕй уӕм Фарны Уацы ӕцӕгад баззайа сыгъдӕгӕй. 6Номджын хистӕрыл нымад чи уыди — кӕдфӕнды-цыфӕнды сгуыхт ма уой, мӕнӕн уӕлдай нӕу, Хуыцау никӕй хъулон кӕны — уыдон мӕ Фарны Уацыл уымӕй уӕлдай ницы бафтыдтой. d 7Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн Фарны Уац хъусын кӕнын, Петрӕн сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын куыд баргонд у, афтӕ. e 8Уымӕн ӕмӕ Петры уылты чи архайдта сунӕтгӕндты ӕхсӕн, уый мӕн уылты дӕр архайы муртаттӕгты ӕхсӕн. 9Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм. 10Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз зӕрдиагӕй архайын уый сӕххӕст кӕныныл. fПавелы уайдзӕф Петрӕн
11Фӕлӕ Кифӕ Антиохимӕ куы ӕрцыд, уӕд ӕз комкоммӕ радзырдтон йӕ ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ раст нӕ бакодта. 12Йаковы ӕрвыст лӕгты ӕрцыды агъоммӕ Кифӕ муртаттӕгтимӕ бадтис иу фынгыл. Фӕлӕ уыдон куы ӕрцыдысты, уӕд, сунӕтгӕндтӕй кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ байдыдта муртаттӕгтӕй йӕхи иуварс ласын. g 13Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейӕгтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта. 14Фӕлӕ уыдон Фарны Уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд се’ппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудейаг, муртаттагау цӕрыс, иудейаджы хуызӕн нӕ, фӕлӕ, уӕд муртаттӕгтӕй цӕмӕн домыс иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын?» hУырнындзинад — ирвӕзынгӕнӕг
15Мах муртаттӕгтӕй рацӕуӕг тӕригъӕдджынтӕ не стӕм — иудейаг туг нӕм ис. 16Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни. i 17Кӕд Чырыстийы фӕрцы тырнӕм нӕхи сраст кӕнынмӕ ӕмӕ уӕддӕр тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕд уый, мыййаг, афтӕ амоны, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн кусӕг у? Ницы хуызы! j 18Уымӕн ӕмӕ, цы фехӕлдтон, уый кӕд ногӕй аразын, уӕд мӕхи ӕгъдаухалӕджы бынаты ӕвӕрын. 19Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ. k 20Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй. l 21Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ, адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.
Copyright information for
OssIBT2022