‏ Galatians 3

Ӕгъдау ӕмӕ уырнындзинад

1О ӕнӕзонд галатӕгтӕ! Цыма Йесо Чырысти дзуарылтыгъд уӕ цӕсты раз уыди, афтӕ уын Ӕй куы равдыстӕуыд, уӕд уӕ чи фӕцӕсты кодта!

2Сымахӕй мӕ ӕрмӕстдӕр мӕнӕ уый базонын фӕнды: Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы схайджын стут Сыгъдӕг Удӕй ӕви Фарны Уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы? a 3Ахӕм ӕнӕзонд стут? Сыгъдӕг Уды разамындӕй цы райдыдтат, уый ныр адӕймаджы хъаруты фӕрцы фӕуынмӕ хъавут? b 4Цытӕ бавзӕрстат, уый, ау, дзӕгъӕлы фӕци? Уымӕн уӕвӕн нӕй! 5Хуыцау уын Сыгъдӕг Уд, Ӕгъдау кӕй ӕххӕст кӕнут, уый руаджы дӕтты ӕмӕ уе’хсӕн диссӕгтӕ уый фӕрцы аразы ӕви Фарны Уац фехъусыны ӕмӕ йыл баууӕндыны фӕрцы?

6Афтӕ «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». c 7Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ. d 8Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртаттӕгты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта Фарны Уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». 9Уӕдӕ уырнджытӕ, Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыцы Авраамимӕ арфӕгонд сты.

10Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у». 11Ӕгъдауы фӕрцы та Хуыцауы раз кӕй ничи сраст уыдзӕн, уый бӕлвырд у, уымӕн ӕмӕ «рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни». e 12Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕни йӕ фӕрцы».

13Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у». f 14Уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн цы арфӕ ракодта, уый Йесо Чырыстийы фӕрцы анхъӕвза муртаттӕгтыл, ӕмӕ мах уырнындзинады руаджы схайджын уӕм, ныфс Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Удӕй. g

Зӕрдӕбавӕрд Ӕгъдауӕй уӕлдӕр у

15Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы. h 16Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст ис иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у. 17Ӕз мӕнӕ уый зӕгъын: Хуыцау цы фидыд
Бердзенаг ӕвзаг фидыд ӕмӕ ныстуан иу дзырдӕй ӕвдисы.
сарӕзта, уымӕн йӕ бынат нӕ бацахста, цыппарсӕдӕ ӕртын азы фӕстӕ цы Ӕгъдау фӕзынди, уый; ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрд баззад йӕ тыхы. j
18Уымӕн ӕмӕ кӕд бынтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕвӕрд цӕуынц, уӕд уый зӕрдӕвӕрды бындурыл нал у. Фӕлӕ сӕ Авраамӕн та Хуыцау радта Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ. k

Цӕмӕн лӕвӕрд ӕрцыд Ӕгъдау

19Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы. l 20Фӕлӕ ӕхсӕнылӕг ӕппынкъаддӕр дыууӕ ныхасгӕнӕгӕн вӕййы, Хуыцау та иу у.

21Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид. 22Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн. m

23Уырнындзинады ӕрцыдмӕ та ахст уыдыстӕм, ӕмӕ нӕ Ӕгъдау хъахъхъӕдта, ӕрцӕуинаг цы уырнындзинад уыди, цалынмӕ уый раргом, уӕдмӕ. 24Уӕдӕ Ӕгъдау махӕн уыди, Чырыстимӕ нӕ чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы сабигӕс, цӕмӕй сраст уӕм уырнындзинады фӕрцы. n 25Уырнындзинад куы ӕрцыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы сабигӕсы дӕлбар нал стӕм.

Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мах баиу стӕм иууылдӕр

26Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут. o 27Уымӕн ӕмӕ сымах — Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон — баиу стут Чырыстиимӕ. p 28Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы. q 29Кӕд сымах Чырыстийы стут, уӕд Авраамы байзӕддӕгтӕ стут, стӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн — Йӕ бындартӕ. r
Copyright information for OssIBT2022