Galatians 4
Цагъартӕ нӕ, фӕлӕ фырттӕ
1Ноджы ма уын зӕгъын: бындар цалынмӕ саби уа, уӕдмӕ цагъарӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, кӕд ӕппӕты хицау у, уӕддӕр. 2Фыд кӕй снысан кодта, уыцы афонмӕ уый у йӕ хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕ цӕст дарджыты дӕлбар. 3Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм. a 4Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты, b 5Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны балхӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скӕна. c 6Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды, ӕмӕ Уый хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъы: «Аввӕ, нӕ Фыд!» 7Уымӕ гӕсгӕ ды цагъар нал дӕ, фӕлӕ хъӕбул; ӕмӕ кӕд хъӕбул дӕ, уӕд дӕ Хуыцау скодта Йӕ бындар Чырыстийы сӕраппонд. dМа аздӕхут фӕстӕмӕ цагъарадмӕ
8Раздӕр та, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уыдыстут, ӕцӕгӕй Хуыцау чи нӕу, уыцы хуыцӕутты цагъартӕ. e 9Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат? f 10Сымах бӕрӕг кӕнут сӕрмагонд бонтӕ, мӕйтӕ, рӕстӕджытӕ ӕмӕ азтӕ. g 11Сымахмӕ мӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы куы фӕуа, уымӕй уын тӕрсын.Павелы мӕт галатӕгтыл
12Лӕгъстӕ уын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, бафӕзмут мӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр сымах хуызӕн адӕймаг дӕн. Сымах мӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдыстут. 13Куыд зонут, афтӕмӕй уын фыццаг хатт Фарны Уац куы хъусын кодтон, уӕд рынчын уыдтӕн. 14Ӕмӕ мӕ рынчын кӕд сымахӕн фӕлварӕн уыди, уӕддӕр мӕ ницыйыл нӕ банымадтат, ӕнӕввӕрсон мыл нӕ уыдыстут, фӕлӕ мыл баузӕлыдыстут, цыма уын Хуыцауы зӕд кӕнӕ Йесо Чырысти уыдтӕн, афтӕ. 15Уӕ цин цы фӕци? Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн, гӕнӕн уын куы уыдаид, уӕд рафтыдтаиккат уӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ раттаиккат мӕнӕн. 16Ау, рӕстдзинад уын кӕй дзырдтон, уый тыххӕй уын знаг сдӕн? 17Иннӕтӕ уыл ӕнувыд сты, ӕрмӕст зӕрдиагӕй нӕ — архайынц уӕ фӕхицӕн кӕныныл, цӕмӕй сымах уыдоныл уат ӕнувыд. 18Ӕнувыдӕй хи ӕвдисын ӕмӕ кӕддӕриддӕр ахӕмӕй баззайын хорз у, нысан хорз куы уа, уӕд, фӕлӕ ӕз уемӕ куы вӕййын, ӕрмӕст уыцы рӕстӕг нӕ. 19Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ. 20Куыд мӕ фӕнды ныртӕккӕ сымахмӕ фестын ӕмӕ уемӕ ӕндӕр хъӕлӕсы уагӕй ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уын цы бакӕнон, уый нал зонын.Агар ӕмӕ Саррӕ
21Зӕгъут-ма мын, Ӕгъдауы дӕлбар уӕвын кӕй фӕнды, уыдон, Ӕгъдау цы зӕгъы, уый нӕ хъусут? 22Фыст у: «Авраамӕн уыди дыууӕ фырты — сӕ иу райгуырди цагъар сылгоймагӕй, иннӕ та — сӕрибар сылгоймагӕй». 23Фӕлӕ цагъар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырди, сӕрибар сылгоймагӕй чи райгуырди, уый та — Хуыцауы зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ. 24Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы райгуыры цагъартӕ — уый у Агар. h 25Агар амоны Синайы хох Аравийы — фӕсномыгӕй уый у абоны Йерусалим, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултимӕ цагъарады ис. 26Уӕларвон Йерусалим та сӕрибар у — не’ппӕты мад. i 27Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый!Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ
чи нӕ бавзӕрста, уый!
Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот
уыдзӕни моймӕдзыдӕй».
28Ӕфсымӕртӕ, Исаакау сымах Хуыцауы зӕрдӕвӕрды хъӕбултӕ стут. j 29Фӕлӕ ӕрдзон ӕгъдауӕй райгуырӕг Уды хъаруйӕ райгуырӕджы уӕд куыд ӕфхӕрдта, афтӕ у ныр дӕр. 30Цы зӕгъы Сыгъдӕг Фыст? «Фӕсур цагъар сылгоймаджы ӕд лӕппу, уымӕн ӕмӕ цагъар сылгоймаджы лӕппу дӕ бынтӕм ницы бар дары — сӕрибар сылгоймаджы лӕппуйы бауыдзысты». 31Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, мах стӕм цагъар сылгоймаджы нӕ, фӕлӕ сӕрибар сылгоймаджы хъӕбултӕ.
Copyright information for
OssIBT2022