‏ Galatians 5

Чырысти нын ӕрхаста сӕрибар

1Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, цӕмӕй сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут. a

2Ӕз, Павел, зӕгъын сымахӕн: кӕд сунӕт кӕнут, уӕд уын Чырыстийӕ ницы пайда уыдзӕни. b 3Сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджы иу хатт зӕгъын: Ӕгъдау уын ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕстгӕнинаг у. 4Сымахӕй Ӕгъдауы фӕрцы йӕхи чи раст кӕны, уыдон баззадысты ӕнӕ Чырыстийӕ, ӕнӕхай фесты Хуыцауы хорзӕхӕй. 5Мах та Сыгъдӕг Удӕй лӕвӕрд уырнындзинады фӕрцы нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ. c 6Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы. d

7Хорз куы цыдыстут, уӕд уӕ чи бахъыгдардта, цӕмӕй ӕцӕгады коммӕ мауал кӕсат? 8Ахӕм зондыл уӕ уе’рхонӕг Хуыцау нӕ сардыдта. 9Чысыл ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр сӕнхъизын кӕны. e 10Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Бардарӕджы фӕрцы фидарӕй мӕ зӕрдӕ дарын. Уӕ зонд уын чи змӕнты — чидӕриддӕр уӕд, — уый ӕфхӕрд баййафдзӕн. 11Кӕд ма ӕз ныртӕккӕ дӕр, ӕфсымӕртӕ, сунӕты фарс дӕн, уӕд мӕ цӕй тыххӕй ӕфхӕрынц? Уӕд дзуары тыххӕй цы фӕдзурын, уый цӕлхдур нӕ уаид. f 12О, уӕ зонд уын чи змӕнты, уыдон сӕхи куы бардузиккой!

13Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд. g 14Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз». h 15Фӕлӕ кӕд кӕрӕдзийы’хсынут ӕмӕ хӕрут, уӕд кӕсут уӕхимӕ, — ма фӕцӕгъдут кӕрӕдзийы.

Сыгъдӕг Уды амындӕй цӕрут

16Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут. 17Уымӕн ӕмӕ буары ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый Уды ныхмӕ у, Уды цы фӕнды, уый та — буары ӕрдзыхъӕды ныхмӕ. Уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут. i 18Фӕлӕ кӕд сымах Уды коммӕ кӕсут, уӕд Ӕгъдауы дӕлбар не стут. j

19Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хъуыддӕгтӕ зындгонд сты: хӕтын, чъизи ӕмӕ ӕлгъаг митӕ, k 20мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын, 21хӕлӕгцӕст, марын, фыднозт, ӕнӕуаг митӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дзырдтон уын ӕмӕ уын ныр дӕр зӕгъын: ахӕм митӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты.

22Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад, l 23сӕрныллӕгдзинад, хиуылхӕст. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары. 24Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ. m 25Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм. 26Ма уӕм цытуарзаг, кӕрӕдзийы ма мӕсты кӕнӕм, кӕрӕдзимӕ ма хӕлӕг кӕнӕм. n
Copyright information for OssIBT2022