‏ Galatians 6

Кӕрӕдзийӕн ӕххуыс ӕмӕ лӕггад кӕнын

1Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат. a 2Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут. b 3Ницы уӕвгӕйӕ йӕхицӕн цыдӕр ӕнхъӕл чи у, уый йӕхи сайы. c 4Алчидӕр йӕхи хъуыддӕгтӕм кӕсӕд ӕмӕ сӕ искӕй хъуыддӕгтимӕ ма барӕд. Уӕд, цы хъуыддӕгтӕ йын бантыст, уыдоныл цин кӕндзӕн. 5Уымӕн ӕмӕ алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн. d

6Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн. e

7Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн. f 8Йӕ буары ӕрдзыхъӕд бафсадынӕн чи тауы, уый мӕлӕт ӕркӕрддзӕни; Уды хуымы чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард. 9Уӕдӕ ӕвӕллайгӕйӕ аразӕм хорз хъуыддӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, кӕд нӕ хъару нӕ асӕтта, уӕд йӕ заманы ӕркӕрддзыстӕм, цы байтауӕм, уый. g 10Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.

Кӕронбӕттӕны фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ саламтӕ

11Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон! 12Ӕддаг бакастӕй цы зыны, уыдӕтты фӕрцы йӕхи равдисыныл чи архайы, уыдон уӕ сунӕтыл ӕрмӕст уый тыххӕй ардауынц, цӕмӕй Чырыстийы дзуары тыххӕй ӕфхӕрд ма баййафой. 13Уымӕн ӕмӕ, сунӕт чи кӕны, уыдон суанг сӕхӕдӕг дӕр не’ххӕст кӕнынц Ӕгъдау, фӕлӕ архайынц, сымах сунӕт куыд скӕнат ӕмӕ уымӕй сӕхицӕй куыд раппӕлой, ууыл. 14Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд — раппӕлдзынӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та — дунейӕн. 15Уымӕн ӕмӕ, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ногӕй райгуырын. h 16Ацы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон хайджын уӕнт хорзӕх ӕмӕ фарнӕй, ӕмӕ семӕ Хуыцауы ӕппӕт Израил! i

17Нырӕй фӕстӕмӕ мыл ахӕм уаргъ мачиуал ӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ мӕ буарыл Йесойы хъӕдгӕмттӕ хӕссын. j

18Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕд уӕ удимӕ, ӕфсымӕртӕ. Аммен.
Copyright information for OssIBT2022