Hebrews 1
1Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ. a 2Абон та, рӕстӕджыты кӕрон, Уый немӕ дзырдта Йӕ Фырты уылты, ӕппӕтӕн дӕр бындар Кӕй скодта ӕмӕ дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста. b 3Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс c 4ӕмӕ, Йӕхӕдӕг зӕдтӕй бирӕ уӕлдӕр куыд у, афтӕ Йӕ Фыдӕй лӕвӕрд ном дӕр уыдоны нӕмттӕй бирӕ кадджындӕр сси. d 5Хуыцау зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ,Ды Мын абон райгуырдтӕ»?
Кӕнӕ: «Ӕз Уымӕн уыдзынӕн Фыд,
Уый та Мын уыдзӕни Фырт»? e
6Йӕ иунӕг Фырты дунемӕ хонгӕйӕ, Хуыцау загъта: «Бакувӕнт Ын
Хуыцауы зӕдтӕ се’ппӕт дӕр».
7Зӕдты тыххӕй фыст ис:
«Йӕ зӕдты Уый скӕны дымгӕтау,
Йӕ лӕггадгӕнджыты — зынг ӕмӕ артау».
8Фырты тыххӕй та:
«Хуыцау, Дӕ паддзахы бадӕн у ӕнусон.
Дӕ Паддзахады лӕдзӕг —
рӕстдзинады лӕдзӕг. f
9Ды бауарзтай рӕстдзинад,
фыддзинад Дын ӕнӕуынон у.
Уымӕ гӕсгӕ Дӕу Хуыцау, Дӕ Хуыцау,
Демӕ чи ис, уыдонӕй уӕлдай,
цин дӕттӕг сойӕ байсӕрста». g
10Ӕмӕ ма ноджы: «Раздӕр уал Ды, Бардарӕг,
зӕххӕн ӕрӕвӕрдтай бындур,
Дӕ къухӕй конд у арв дӕр.
11Уыдонӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон,
Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ.
Уыдон алӕзӕрдзысты пӕлӕзау, h
12Стухдзынӕ сӕ ӕмӕ сӕ раивдзынӕ дарӕсау.
Ды та ӕнӕивгӕ уыдзынӕ,
ӕмӕ Дӕ бонтӕ никуы фӕуыдзысты».
13Хуыцау Йӕ зӕдтӕй афтӕ кӕд кӕмӕн загъта:
«Сбад Мӕ рахизфарс,
ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты
Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн?»
14Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не’рвиты?
Copyright information for
OssIBT2022