Hebrews 10
1Фидӕны хорзӕхтӕн Ӕгъдау у ӕрмӕстдӕр сӕ фӕлгонц — уый ӕцӕг хорзӕх нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Ӕгъдауы бон уый нӕу, ӕмӕ, афӕдзӕй-афӕдзмӕ уыцы иудадзыг нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдоны ӕнаипп фестын кӕна. a 2Уый йӕ бон куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой: иу хаттӕн-иу мыггагмӕ ссыгъдӕг уаиккой сӕ тӕригъӕдӕй ӕмӕ сӕхи азымджын нал хониккой. 3Фӕлӕ ӕрвылазы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр тӕригъӕдтӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынӕн сты, 4уымӕн ӕмӕ галтӕ ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнӕн нӕй. b 5Дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, уый тыххӕй загъта Чырысти Хуыцауӕн: «Ды нывӕндтӕ ӕмӕ хуынтӕ нӕ бакуымдтай,фӕлӕ Мын ӕрцӕттӕ кодтай буар.
6Иууылсудзинаг ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ
Дӕуӕн фӕндон нӕ уыдысты.
7Уӕд Ӕз загътон: „Уаз Чиныджы
Мӕн тыххӕй куыд фыст ис,
афтӕ мӕнӕ ӕрцыдтӕн, Хуыцау,
Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ“». c
8Кӕд уыцы нывӕндтӕ Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕрхастӕуы, уӕддӕр Чырысти фыццаг загъта: «Нывӕндтӕ, хуынтӕ, иууылсудзинаг ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ Ды нӕ бакуымдтай, фӕндон Дын нӕ уыдысты». 9Уый фӕстӕ ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ ӕрцыдтӕн Дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ». Чырысти аивта фыццаг ӕмӕ сфидар кодта дыккаг. 10Йесо Чырысти сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ Йын Йӕ буар нывондӕн кӕй ӕрхастӕуыд, уый фӕрцы мах ссыгъдӕг стӕм мыггагмӕ. d 11Алы сауджын дӕр ӕрвылбон лӕггад кӕны Хуыцауы раз ӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕссы, тӕригъӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн ӕнӕпайда чи у, уыцы иу нывӕндтӕ. e 12Йесо та, тӕригъӕдты тыххӕй иунӕг нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, «Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти» мыггагмӕ f 13ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, «Йе знӕгты Йын Хуыцау Йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ». 14Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп. 15Уый тыххӕй Сыгъдӕг Уд дӕр ӕвдисӕн лӕууы. Йӕ фыццаг ныхас у: 16«Мӕнӕ, — зӕгъы Хуыцау, — уыцы бонты фӕстӕ
семӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд:
сӕ зӕрдӕты сын нывӕрдзынӕн
ӕмӕ сын сӕ зонды ныффысдзынӕн
Ме’гъдӕуттӕ». g
17Загъта ма: «Нал сын ӕрымысдзынӕн
сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ ӕнӕуаг митӕ».
18Тӕригъӕдтӕ барст куы ӕрцӕуой, уӕд уыдоны тыххӕй нывонд хӕссын нал хъӕуы.
Баввахс ут Хуыцаумӕ
19Уӕдӕ нӕ ныфс ис, ӕфсымӕртӕ, Йесойы Туджы фӕрцы ног ӕмӕ царддӕттӕг фӕндагыл Рухсмонуатмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уымӕй. h 20Уыцы фӕндаг нын мидӕмбӕрзӕны, ома Йӕ буары фӕрцы, байгом кодта Уый ӕмӕ йыл фыццаг Йӕхӕдӕг ацыд. i 21Хуыцауы хӕдзары сӕргъы стыр Алчер ис, j 22ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар. k 23Фидар хӕцӕм, ныфс нын цы уырнындзинад дӕтты, ууыл, уымӕн ӕмӕ Зӕрдӕбавӕрӕг Йӕ ныхас нӕ ивы. 24Кӕрӕдзиуыл ӕнувыд уӕм, кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм. 25Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй. l 26Кӕд ӕмӕ, ӕцӕгад базонгӕйӕ, уӕддӕр тӕригъӕды цӕуӕм, уӕд уыцы тӕригъӕдтӕн ныр ницавӕр нывондӕй уыдзӕн ссыгъдӕг кӕнӕн, m 27ӕмӕ нын ӕрмӕстдӕр баззади тӕрхонмӕ, стӕй, Хуыцауы ныхмӕлӕуджытӕ мыггагмӕ цы ӕвирхъау арты амӕттаг фӕуыдзысты, уымӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. 28Моисейы Ӕгъдау чи не’ххӕст кодта, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй кӕд ӕгъатырӕй мӕлӕтмӕ лӕвӕрд цыди, n 29уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый? 30Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн». o
31Тӕссаг у цардӕгас Хуыцауы къухтӕм бахауын! p 32Ӕрымысут, Хуыцау уӕ зӕрдӕтӕм рухс куы бауагъта ӕмӕ уый фӕстӕ тохы бирӕ зынтӕн куы бафӕрӕзтат, уӕ раздӕры уыцы бонтӕ. 33Куы-иу уӕ ӕппӕт адӕмы раз сӕгад кодтой ӕмӕ ӕфхӕрдтой, куы та уыдыстут, ахӕм уавӕры ма чи уыди, уыдоны фарсмӕ. 34Уымӕн ӕмӕ сымахӕн, ахӕстӕтты чи уыд, уыдоныл уӕ зӕрдӕ рысти, ӕмӕ уын уӕ мулк куы хастой, уӕд цин кодтат, хуыздӕр ӕмӕ уын ӕнусон исбон кӕй ис, уый зонгӕйӕ. q 35Уӕдӕ уӕ зӕрдӕдарӕн ма ныууадзут ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг. r 36Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый. 37Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы,
хӕрз гыццыл рӕстӕг ма,
ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн,
нӕ бафӕстиат уыдзӕн.
38Мӕ рӕстгӕнӕг уырнындзинады
фӕрцы цӕрдзӕни,
чи фӕцуда, уымӕй та Ӕз
райгонд нӕ уыдзынӕн». s
39Мах та, фӕстӕмӕ чи ахӕцы ӕмӕ чи бабын вӕййы, уыдонӕй не стӕм: мах ӕууӕндӕм ӕмӕ ирвӕзын кӕнӕм нӕ удтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022