‏ Hebrews 11

Уырнындзинады тыххӕй

1Уырнындзинад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кӕсӕм, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕвдисӕн. a 2Незаманты чи царди, уыдон раппӕлинаг уыдысты сӕ уырнындзинадӕй.

3Уырнындзинады фӕрцы мах базонӕм: Хуыцау дун-дуне сфӕлдыста Йӕ Дзырдӕй — цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕй рантыст, цӕстӕй цы уынӕм, уый.

4Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстаг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы нырма дӕр дзуры. b 5Енохмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уымӕ гӕсгӕ хаст ӕрцыдис арвмӕ, мӕлӕт нӕ федта, афтӕмӕй. Агуырдтой йӕ ӕмӕ йӕ не ссардтой — Хуыцау ӕй айста Йӕхимӕ. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ нӕ айста, уӕдмӕ дзы Хуыцау, куыд адӕймагӕй, афтӕ разы уыди. 6Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй. Хуыцаумӕ ӕрцӕуӕг хъуамӕ ӕууӕнда, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ Йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн хӕрзиуӕг кӕй ратты, ууыл. 7Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.

8Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕм ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕд, кӕдӕм цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зыдта, уӕддӕр.

9Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам, зӕрдӕ йын кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы зӕххыл ӕрбынат кодта ӕмӕ, ӕндӕрбӕстаг куыд вӕййы, афтӕ цатырты цардис Исаак ӕмӕ Йаковимӕ — уыдонӕн дӕр уыцы зӕххӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд.

10Уымӕн ӕмӕ Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, Хуыцау йӕ нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг кӕмӕн у, уыцы сахармӕ. c

11Саррӕ дӕр ӕнӕзӕнӕг уыди, йӕ цот кӕныны афон дӕр аивгъуыдта, фӕлӕ йӕм уырнындзинад кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ басывӕрджын ис. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыг нӕ кодта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы. d

12Афтӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр, удӕгӕстӕй мӕрдтӕм чи фӕхӕстӕгдӕр, ахӕмӕй рацыд арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызгӕрон змисау ӕнӕнымӕц e адӕм.

13Ацы лӕгтӕ иууылдӕр мӕрдтӕм бацыдысты уырнгӕйӕ, кӕд, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райстой, уӕддӕр. Ӕрмӕст ӕй дардмӕ федтой ӕмӕ йыл цин кодтой. Уыдон ыл басастысты ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ. 14Бӕлвырд у, афтӕ чи зӕгъы, уыдон сӕ уыцы ныхӕстӕй ӕвдисынц, сӕхи фыдыбӕстӕм кӕй тырнынц, уый. 15Ӕмӕ цы бӕстӕй рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат. 16Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.

17Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыди йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. 18Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл». f 19Авраам ӕууӕндыд, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у йӕ фырт Исаакы мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын, ӕмӕ йын ӕй ӕцӕгӕйдӕр фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ. 20Йӕ уырнындзинады фӕрцы Исаак арфӕ ракодта Йаков ӕмӕ Исавы фидӕнӕн. 21Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йаков йӕ мӕлӕты размӕ арфӕ ракодта Йосефы фырттӕй алкӕмӕн дӕр, ӕрӕнцой кодта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ скуывта Хуыцаумӕ. 22Йӕ уырнындзинады фӕрцы Йосеф, куы марди, уӕд дзырдта израилӕгты Мысырӕй рацыды тыххӕй ӕмӕ сын фӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ уым ма ныууадзой.

23Сӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ ныййарджытӕ Моисейы, куы райгуырдис, уӕд ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхсгӕ фӕкодтой. Уымӕн ӕмӕ, тынг рӕсугъд сывӕллон кӕй у, уый уыдтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты. g 24Моисей йӕ лӕджы кары куы бацыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы не сразы ис фараоны чызджы лӕппуйыл нымад уӕвыныл 25ӕмӕ тӕригъӕдджын цинтӕй хи ирхӕфсыны бӕсты хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын. 26Мысыраг хӕзнатӕй йӕхицӕн зынаргъдӕр хӕзнайыл банымадта Чырыстийау ӕфхӕрд ӕййафын, уымӕн ӕмӕ йӕ фидӕны хӕрзиуӕгмӕ уыди йӕ каст. 27Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд. 28Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы скодта Куадзӕн ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ сахуырста тугӕй, цӕмӕй хистӕр хъӕбулты марӕг ма бавнала израилӕгты хъӕбултӕм. 29Сур зӕххыл цӕуӕгау израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы ахызтысты Сырх денджызыл, ӕмӕ мысырӕгтӕ дӕр ахизын куы бафӕлвӕрдтой, уӕд фӕдӕлдон сты. 30Авд боны дӕргъы Йерихоны алыварс израилӕгтӕ цалдӕр хатты куы ӕрзылдысты, уӕд сӕ уырнындзинады фӕрцы ӕркалдысты йӕ къултӕ. 31Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы хӕтаг Рахав суазӕг кодта сгарджыты ӕмӕ нӕ бабын ис ӕнӕсӕттонтимӕ.

32Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн. 33Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ, 34пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ. 35Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй — уыдоны сӕрибар райсын нӕ бафӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр цардӕн райгас уой. 36Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой. 37Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст. 38Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.

39Сӕ уырнындзинады тыххӕй сын се’ппӕтӕй дӕр раппӕлыд Хуыцау, фӕлӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой. h 40Уымӕн ӕмӕ Хуыцау махӕн ӕрцӕттӕ кодта хуыздӕр фӕндаг, ӕмӕ уыдон ӕрмӕстдӕр махимӕ хъуамӕ бахӕццӕ уыдаиккой уыцы ӕххӕстдзинадмӕ.
Copyright information for OssIBT2022