Hebrews 12
Хуыцау — нӕ Фыд
1Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй, a 2уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс». b 3Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй. c 4Тӕригъӕды ныхмӕ сымах нырма мӕлӕтдзаг тох нӕма кодтат, d 5ӕмӕ уын хъӕбултау уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох ис: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс,ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд, e
6уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕймаджы бафхӕры;
нӕмгӕ та кӕны, Йӕхицӕн фыртӕн кӕй райсы, уыдонӕй алкӕй дӕр».
7Уӕ хъомыл кӕныны сӕраппонд фӕразон ут ӕфхӕрдӕн — уымӕй Хуыцау ӕвдисы, хъӕбулты цӕстӕй уӕм кӕй кӕсы, уый. Ахӕм фырт ис, мыййаг, фыд кӕй нӕ бафхӕры? 8Ӕппӕт хъӕбулты куыд бафхӕрдӕуы, кӕд ахӕм ӕфхӕрд не’ййафут, уӕд сымах ӕцӕг хъӕбултӕ нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ стут. 9Нӕ зӕххон ныййарджытӕ нӕ ӕфхӕрдтой, ӕмӕ сӕ мах куы нымадтам, уӕд мыггагмӕйы царды сӕраппонд куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм нӕ Уӕларвон Фыды коммӕ! 10Ныййарджытӕ нӕ цыбыр рӕстӕджы дӕргъы ӕфхӕрдтой, куыд сӕм хуыздӕр касти, афтӕ; Хуыцау та нӕ нӕхи пайдайӕн бафхӕры, цӕмӕй уӕм Йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын. f 11Алы ӕфхӕрд дӕр нын фыццаг ӕхсызгон нӕ вӕййы — хъыг нӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕфхӕрд куы сахуыр кӕны, уӕд нӕ цард свӕййы фӕрнджын ӕмӕ раст. 12Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ. 13Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.
Хуыцауы хорзӕхыл уӕхи ма атигъ кӕнут
14Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн. g 15Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты, h 16цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта. i 17Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд. 18Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не’рцыдыстут сымах; 19сыкъауадындзы уастмӕ, стӕй Хуыцауы хъӕлӕсмӕ не’рцыдыстут сымах — адӕм-иу ӕй куы фехъуыстой, уӕд-иу лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй дарддӕр мауал дзура семӕ. 20Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын фӕдзӕхстӕуыд, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр дуртӕй мард ӕрцӕуӕд». 21Ӕмӕ, цы федтой, уый сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Фыр тӕссӕй мыл ризӕг бахӕцыд». 22Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты j цины ӕмбырдмӕ, 23уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм, k 24Ног Фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ — Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры. l 25Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не’ргом куы аздахӕм, уӕд. m 26Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр». 27Ныхӕстӕ «ноджы ма иу хатт» ӕвдисынц, цы сфӕлдыстӕуыд, уый кӕй нынкъуыстӕуыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй аивдӕуыдзӕн, цӕмӕй мыггагмӕ баззайа, ӕнӕфӕцудгӕ цы у, уый. n 28Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ. o 29Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у p.
Copyright information for
OssIBT2022