bПс 117:6.
Hebrews 13
Хуыцауӕн ӕхсызгон царды уаг
1Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи. 2Уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый уӕ рох ма уӕд. Уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, кӕй уазӕг кӕнынц, уый нӕ зонгӕйӕ, суазӕг кодтой зӕдты. a 3Ма рох кӕнут ахӕстыты, цыма уӕхӕдӕг дӕр семӕ ахӕстоны стут, уыйау. Уӕ зӕрдыл дарут, тухӕнтӕ чи ӕвзары, уыдоны — гӕнӕн ис, ӕмӕ уӕхи дӕр бахъӕуа тухӕнтӕ ӕвзарын. 4Алчидӕр къайадӕн кӕнӕд аргъ ӕмӕ уӕ хуыссӕн уӕд сыгъдӕг. Хӕлд адӕмӕн ӕмӕ хӕзгултӕн Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн. 5Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн». 6Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй зӕгъӕм: «Бардарӕг мын у ӕххуысгӕнӕг,ӕмӕ нӕ тӕрсын:
цы мын ракӕндзӕн адӕймаг?» b
7Ма рох кӕнут, Хуыцауы ныхас уын чи амыдта, уӕ уыцы хистӕрты; куыд фӕцардысты ӕмӕ сӕ цард цӕуыл ахицӕн, уый дарут уӕ зӕрдыл ӕмӕ сын фӕзмут сӕ уырнындзинад. 8Йесо Чырысти знон цавӕр уыд, абон дӕр ахӕм у ӕмӕ мыггагмӕ дӕр ахӕм уыдзӕн. c 9Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, хӕрын цы ӕмбӕлы ӕмӕ цы не’мбӕлы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой. d 10Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн. e 11Тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй алчер Рухсмонуатмӕ цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басыгъдӕуы адӕмы цӕрӕнуаты ӕдде. 12Афтӕ Йесо дӕр, адӕмы Йӕ Тугӕй ссыгъдӕг кӕныны сӕраппонд, амарди фӕссахар. f 13Уӕдӕ Йӕм фӕцӕуӕм фӕссахармӕ, ӕмӕ Йӕ ӕгад мах ӕгад дӕр суӕд. g 14Уымӕн ӕмӕ нын ам, ӕдзух кӕм уыдзыстӕм, ахӕм сахар нӕй, фӕлӕ тырнӕм фидӕны сахармӕ. h 15Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном. 16Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты. i 17Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу. j 18Кувут мах тыххӕй. Не’фсарм сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл. k 19Мах тыххӕй куват, уый уӕ уӕлдай тынгдӕр уый тыххӕй курын, цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон.
Фӕстаг арфӕ ӕмӕ фыстӕджы кӕрон
20Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау l 21сымах схайджын кӕнӕд алы хорзӕхӕй дӕр, Йӕ фӕндон куыд ӕххӕст кӕнат, афтӕ. Уадз ӕмӕ Хуыцау Йесо Чырыстийы фӕрцы, фӕндон Ын цы у, уый сараза нӕ мидӕг. Чырыстийӕн кад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен. m 22Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон. 23Хъусын уын кӕнын, не’фсымӕр Тимофей кӕй суӕгъд, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд рӕхджы ӕрцӕуа, уӕд уӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм иумӕ. 24Саламтӕ раттут уе’ппӕт хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн. Саламтӕ уын дӕттынц италиаг уырнджытӕ. 25Хуыцауы хорзӕх уе’ппӕты дӕр уӕд.
Copyright information for
OssIBT2022