‏ Hebrews 2

Ирвӕзындзинады уацыл уӕхи ма тигъ кӕнут

1Уӕдӕ, цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ уӕлдай ӕргом здахӕм, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм. 2Уымӕн ӕмӕ, зӕдты уылты цы уац фӕхӕццӕ ис, уым кӕд уый бӕрц хъару уыди, ӕмӕ-иу Ӕгъдау фехалын ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсыны тыххӕй адӕймаг алкӕддӕр аккаг ӕфхӕрд баййӕфта, a 3уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой. b 4Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй. c

Ирвӕзынгӕнӕг Чырысти у

5Цы фидӕны дун-дунейы кой кӕнӕм, уый Хуыцау зӕдты дӕлбар нӕ бакодта. d 6Афтӕ кӕй у, уый тыххӕй чидӕр Сыгъдӕг Фысты ӕргом куы загъта: «Цы у адӕймаг,
ӕмӕ Дӕ зӕрдыл лӕууа?
Кӕнӕ цы у адӕймаджы фырт,
ӕмӕ йыл Ды мӕт кӕнай?

7Ды йӕ зӕдтӕй бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай,
кад ӕмӕ йын цыт радтай, e
8ӕппӕт дӕр ын йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдтай».

Ӕппӕт дӕр адӕймаджы дӕлбар куы бакодтай, уӕд ницы ныууагътай, йӕ бар цӕуыл нӕ цыди, ахӕмӕй. Ныртӕккӕ та нырма нӕма уынӕм, ӕппӕт дӕр йӕ дӕлбар кӕй у, уый. f
9Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста. g

10Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ. h 11Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй, чи ссыгъдӕг, уыдон дӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕн нӕ нымайы Чырысти Йӕхицӕн ӕгадыл уыдоны Йе’фсымӕртӕ хонын. i 12Уый зӕгъы: «Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн Ме’фсымӕртӕн,
Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн се’мбырды».

13Ӕмӕ ноджыдӕр: «Ӕз Ыл Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн».

Ӕмӕ ноджыдӕр: Мӕнӕ Ӕз Мӕхӕдӕг ӕмӕ,
«Хуыцау Мын кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ».

14Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ j 15ӕмӕ ссӕрибар кӕна, мӕлӕты тасӕй цӕргӕбонты цагъар чи уыди, уыдоны. k 16Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Уый райста зӕдты ӕрдзыхъӕд нӕ, фӕлӕ Авраамы байзӕддаджы ӕрдзыхъӕд. 17Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса. l 18Ӕмӕ, Йӕхӕдӕг фыдӕвзарӕнты кӕй бахауд, уымӕ гӕсгӕ Йӕ бон у, фӕлварӕнты чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнын. m
Copyright information for OssIBT2022