‏ Hebrews 3

Йесо Моисейӕ уӕлдӕр у

1Уӕдӕ, Уӕларвӕй кӕмӕ фӕсидтысты, мӕ уыцы сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдӕ саразут Хуыцауы Минӕвармӕ, нӕ уырнындзинады Алчер Йесомӕ. a 2Моисей Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл куыд ӕнувыд уыд, афтӕ Йесо дӕр ӕнувыд у, Алчерӕй Йӕ Чи сӕвӕрдта, Ууыл. b 3Фӕлӕ хӕдзар саразӕг хӕдзарӕй кадджындӕр куыд у, афтӕ Йесо дӕр Моисейӕ стырдӕр цыты аккаг у. 4Уымӕн ӕмӕ алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, фӕлӕ Хуыцау та ӕппӕты аразӕг у. 5Моисей ӕнувыд уыди Хуыцауы ӕгас хӕдзарыл, фӕлӕ — лӕггадгӕнӕгау: цӕмӕй ӕвдисӕн уа, фидӕны цы загъд уыдзӕн, уымӕн. 6Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд. c

Стыр ӕнцой Хуыцауы адӕмӕн

7Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд:
«Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
8уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут уӕ фыдӕлтау, —
уыдон ӕдзӕрӕг бӕсты Йӕ ныхмӕ куыд сыстадысты
ӕмӕ Йӕ куыд фӕлвӕрдтой, уыйау.
9Фӕлвӕрдтой Мӕ уым уӕ фыдӕлтӕ, фӕлтӕрдтой Мӕ,
кӕд Мын дыууиссӕдз азы дӕргъы
Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.
10Уымӕн смӕсты дӕн Ӕз
уыцы фӕлтӕрмӕ ӕмӕ загътон:
„Сӕ зӕрдӕтӕ ӕдзух адзӕгъӕл вӕййынц,
нӕ базыдтой Мӕ фӕндӕгтӕ“.
11Ӕмӕ Мӕ мӕстӕй расомы кодтон:
„Ме’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон“» d.

12Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза. 13Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа. e 14Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийӕн ӕмкусджытӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл фидарӕй кӕронмӕ куы хӕцӕм, уӕд. f 15Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Абон, Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
уӕд, Йӕ ныхмӕ цы заман сыстадыстут, уӕдау
уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут». g

16Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы хъӕлӕс чи фехъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ Йӕ ныхмӕ сыстадысты. Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон нӕ уыдысты, мыййаг? 17Дыууиссӕдз азы дӕргъы Хуыцауы маст кӕмӕ фыхти? Тӕригъӕдджын чи фӕци ӕмӕ йе стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдонмӕ Йын нӕ фыхти, ӕви? 18Ӕнӕсӕттонтӕй дарддӕр кӕмӕн расомы кодта Хуыцау, Мӕ ӕнцойадмӕ никуы бацӕудзыстут, зӕгъгӕ? 19Нӕхӕдӕг ӕй уынӕм: хивӕнд кӕй уыдысты, ӕцӕгдӕр сын уый тыххӕй нӕ бантыст уырдӕм бацӕуын.
Copyright information for OssIBT2022