‏ Hebrews 5

1Уымӕн ӕмӕ алы алчер дӕр адӕмы’хсӕнӕй ӕвзӕрст ӕрцӕуы, адӕмы тыххӕй йӕ сӕвӕрдӕуы Хуыцауӕн кусӕгӕй, цӕмӕй Йын Йӕ размӕ хуынтӕ ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ хӕсса. 2Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у. 3Уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ йӕхи тыххӕй дӕр хӕсса тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ адӕмы тыххӕй дӕр. 4Ахӕм кады аккаг йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ничи суыдзӕн — Хуыцау ӕй хъуамӕ сӕвзара, йӕ рӕстӕджы Аароны куыд сӕвзӕрста, афтӕ.

5Чырысти дӕр, Алчер суӕвгӕйӕ, Йӕхӕдӕг Йӕхи не скадджын кодта, фӕлӕ Йын афтӕ Чи загъта: «Ды Мӕ Фырт дӕ,
Ды Мын абон райгуырдтӕ»,

Уый Йын кад радта. a
6Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ». b

7Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй. c 8Кӕд Хуыцауы Фырт уыди, уӕддӕр хъизӕмӕртты фӕрцы сахуыр ис коммӕгӕс уӕвын. d 9Алцӕмӕй дӕр сси ӕххӕст, ӕмӕ Йе’ппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн. 10Хуыцау Ӕй Йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн алчер.

Фӕдзӕгъӕлы тас

11Уый тыххӕй ма ноджы фылдӕр радзуриккам, фӕлӕ йӕ сымахӕн бамбарын кӕнын зын у, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут. e 12Цас рӕстӕг рацыди, уымӕ гӕсгӕ ныр уӕхицӕн ӕмбӕлы ахуыргӕнджытӕ уӕвын, сымах та нырма ахуыргӕнджыты сӕр хъӕуы, цӕмӕй уын амоной Хуыцауы дзырды абетӕ. Хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та ӕхсыр хъуамӕ суа ногӕй уӕ хӕринаг. f 13Ӕхсырӕй чи цӕры, уый растӕн ницы ӕмбары, уымӕн ӕмӕ нырма дзидзидай у. g 14Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у. h
Copyright information for OssIBT2022