Hebrews 6
1Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не’ргом аздахӕм, хъомыл адӕймагӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ — мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл, 2алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл. 3Хуыцау фадат куы ратта, уӕд нӕ къухы бафтдзӕни дарддӕр ацӕуын. 4Уымӕн ӕмӕ, иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын, a 5Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи бамбӕрста, фидӕны дунейы тых чи банкъардта 6ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц. b 7Арӕх къӕвда кӕй ӕфсады ӕмӕ, чи йӕ кусы, уымӕн тыллӕг цы зӕхх дӕтты, уый арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй; 8«сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг» йеддӕмӕ кӕм ницы зайы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы. Ӕлгъыстаг фӕвӕййы, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг арты хай бакӕнынц. c 9Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл. 10Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр. d 11Мах бӕллӕм, цӕмӕй уӕ алчидӕр кӕронмӕ баззайа ахӕм ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕххӕстӕй райса, йӕ зӕрдӕ цӕуыл дары, уый. 12Зивӕг уыл ма фӕтых уӕд, фӕлӕ фӕзмут, уырнындзинад ӕмӕ бирӕбыхсты руаджы, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕры, уый исбонӕн чи райсы, уыдоны.Хуыцауы стыр зӕрдӕбавӕрд
13Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд ын, Йӕхицӕй сомы ракодта, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй уӕлдӕр кӕмӕй расомы кодтаид, ахӕм нӕ уыди. e 14Загъта: «Ӕз дын ӕцӕгӕй раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ дӕ байзӕддаг ӕнӕнымӕц уыдзӕни». 15Ӕмӕ бафӕрӕзта Авраам бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕ ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг райста. f 16Адӕм сомы кӕнынц сӕхицӕй уӕлдӕрӕй, ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн вӕййы сӕ уыцы сомы, ӕмӕ уӕд алы быцӕуӕн дӕр ӕрцӕуы кӕрон. 17Афтӕ Хуыцау дӕр Йӕ зӕрдӕбавӕрд сфидар кодта сомыйӕ; зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, уый чи хъуамӕ райстаид, уыдонӕн Йӕ сомыйӕ бӕлвырд равдыста, Йӕ фӕндон кӕй никуы аивдзӕн, уый. 18Хуыцауы зӕрдӕбавӕрд ӕмӕ сомы ӕнӕивгӕ кӕй сты, уыдонӕн мӕнг уӕвӕн кӕй нӕй, уый махӕн дӕтты стыр ныфс, ӕмӕ мах, Хуыцауы дӕлбазыр ӕмбӕхсӕн ссарджытӕ, фидар хӕцӕм, цы зӕрдӕдарӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. 19Уый махӕн науӕнгуырау у ӕдас ӕмӕ фидар ӕмӕ кӕны Рухсмонуаты ▼▼Рухсмонуат — Уаз Цӕрӕны рӕбинаг хай Моисейы заман. Уым уыдысты: Фидыды Чырын; Хуыцау Ӕгъдау цы къӕйдуртыл фыст уыди, уыдон; Аароны лӕдзӕг — дидинӕг чи ракалдта уый, стӕй мигӕнӕн маннӕимӕ. Уаз Цӕрӕн та иумӕйагӕй у уӕларвон Кувӕндоны зӕххон фӕлгонц.
рӕбинаг хаймӕ — фӕсӕмбӕрзӕнмӕ, 20Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.
Copyright information for
OssIBT2022