‏ Hebrews 8

Ног Фидыды Алчер

1Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, Дунедарӕджы рахизфарс Чи ӕрбадтис уӕлӕрвты, ахӕм Алчер. a 2Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны. b 3Алы алчеры дӕр сӕвӕрдӕуы хуынтӕ скувын ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн. Уымӕ гӕсгӕ мах Алчермӕ дӕр хъуамӕ уыдаид, нывондӕн цы ӕрхастаид, уый. c 4Уыцы Алчер ныртӕккӕ зӕххыл ис, зӕгъгӕ, уӕд уый сауджын нӕ уаид. Уымӕн ӕмӕ ам ис, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ чи хӕссы, ахӕм сауджынтӕ. 5Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы Уаз Цӕрӕны — Моисей Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз». d 6Фӕлӕ Йесойӕн цы лӕггад уыди Йӕ бар, уый уыдоны лӕггадӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр Фидыды Ӕхсӕнылӕг у — уыцы Фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрды бындурыл ӕнцайы. e

7Уымӕн ӕмӕ, фыццаг фидыд куы ницы хъуаг уыдаид, уӕд дыккаджы сӕр нӕ бахъуыдаид. 8Фӕлӕ сын Хуыцау уайдзӕф кӕны: «Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Хуыцау, —
ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ
ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ
сараздзынӕн Ног Фидыд, f
9сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ,
Мысырӕй куы ракодтон,
уӕд семӕ кӕй сарӕзтон,
ахӕм фидыд нӕ.
Уымӕн ӕмӕ уыдон
Мӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты,
ӕмӕ сӕ Ӕз ныууагътон, — зӕгъы Хуыцау. —
10Мӕнӕ, уыцы бонты фӕстӕ
Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн,
уыцы Фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн
ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн
Ме’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау,
уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. g
11Уӕд алчи йе’мбӕстаджы ӕмӕ йе’фсымӕры
нӕ ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ йын нӕ дзурдзӕн:
„Базон Хуыцауы“,
уымӕн ӕмӕ иууылдӕр,
стырӕй, чысылӕй, зондзысты Мӕн. h
12Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз
ныббардзынӕн сӕ галиу митӕ,
сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн». i

13Уыцы Фидыд Ног рахонгӕйӕ, Хуыцау ӕмбарын кодта, фыццаг фидыд кӕй базӕронд ис, уый. Цы базӕронд уа ӕмӕ дугивгъуыд цы суа, уымӕн та йе сӕфт ӕрӕввахс вӕййы.
Copyright information for OssIBT2022