‏ Hebrews 9

Зӕххон ӕмӕ уӕларвон кувӕндӕттӕ

1Фыццаг фидыдӕн уыди йӕхи уазлӕггады ӕгъдӕуттӕ, стӕй йӕхи кувӕндон — зӕххон. 2Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ. 3Дыккаг ӕмбӕрзӕны фӕстӕ цы агъуыст уыдис, уый та хуынди Рухсмонуат. 4Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон. 5Фидыды Чырыны сӕрмӕ та — херувимтӕ, Хуыцауы кад уым кӕй ис, уый ӕвдисынӕн; сӕ дӕлбазыр уыди тӕригъӕдтӕ ныббарыны бынат. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ныр бӕлвырд дзурын нӕ хъӕуы.

6Ӕппӕт дӕр сарӕзтӕуыд афтӕ, ӕмӕ фыццаг уатмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ кӕддӕриддӕр цыдысты сауджынтӕ; 7дыккаг уатмӕ та — ӕрмӕстдӕр алчер, афӕдз иу хатт, тугимӕ, ӕмӕ-иу ӕй нывондӕн ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты, стӕй, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдоны тыххӕй. 8Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Уаз Цӕрӕн ис, уӕдмӕ ног Рухсмонуатмӕ фӕндаг гом нӕма у. 9Уаз Цӕрӕн фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон се’рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн ницы ахъаз сты. a 10Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ. b

11Ныр та ӕрцыди Чырысти — ӕцӕг хорзӕхтӕ нын Чи ӕрхаста, уыцы Алчер, ӕмӕ бацыд ӕндӕр Уаз Цӕрӕнмӕ, кӕцы у ахсджиагдӕр, алцӕмӕй дӕр — ӕххӕст; уый хиконд, ома ацы дунейӕ нӕу. c

12Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй. d

13Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, 14уӕд цас тыхджындӕр у, ӕнусон Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй — ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ лӕггад кӕндзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. e

15Уымӕ гӕсгӕ Чырысти у ног фидыды Ӕхсӕнылӕг, цӕмӕй, Йӕ мӕлӕты фӕрцы мыггагмӕйы хорзӕхтӕ райсынмӕ хуындтытӕн, фыццаг фидыды заман цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдон хатыргонд ӕрцӕуой, ӕмӕ райсой, Хуыцау сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. f 16Ӕмӕ кӕд ныстуан ис, уӕд хъуамӕ бӕлвырд уа, йӕ кӕнӕг мард кӕй у, уый. 17Уымӕн ӕмӕ ныстуан йӕ тыхы ӕрмӕстдӕр, йӕ саразӕг куы амӕлы, уӕд бацӕуы; цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ йын ницы тых ис. g 18Уымӕ гӕсгӕ фыццаг фидыд дӕр йӕ тыхы ӕнӕ тугӕй нӕ бацыд. 19Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр. 20Моисей загъта: «Уый у, Хуыцау уын кӕй ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхста, уыцы фидыды туг». 21Уыцы тугӕй бапырх кодта Уаз цатырыл дӕр, стӕй дзы Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн цы дзаумӕттӕ уыдис, уыдоныл дӕр. 22Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.

Чырыстийы нывонд сыгъдӕг кӕны тӕригъӕдтӕ

23Уӕдӕ уӕларвоны зӕххон хуызӕгтӕ хъуамӕ сыгъдӕггонд цӕуой афтӕ, уӕларвон та ноджы сыгъдӕгдӕр нывӕндтӕ домы. 24Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз. 25Алчер ӕрвылаз нывонды тугимӕ Рухсмонуатмӕ куыд цыд, Йесо афтӕ бирӕ хӕттыты Йӕхи нывондӕн хӕссынмӕ нӕ цыди. 26Афтӕ куы уыдаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. 27Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы, 28афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ. h
Copyright information for OssIBT2022