‏ Hosea 1

1Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.

2Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис». 3Ӕмӕ Осиа бавдӕлд ӕмӕ Дивлаимы чызг Гомеры ӕрхаста. Гомер басывӕрджын ӕмӕ йын фырт ныййардта. 4Дунедарӕг Осиайӕн загъта: «Сӕвӕр ыл ном Изреел. Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ Мын Изреелы туг Йегу бафиддзӕни, ӕмӕ Ӕз йӕ бындур ныззилдзынӕн Израилы паддзахӕн. 5Уыцы бон Ӕз Израилы ӕрдын ныссӕтдзынӕн Изреелы дӕлвӕзы».

6Гомер та ногӕй басывӕрджын ӕмӕ чызг ныййардта. Дунедарӕг загъта Осиайӕн: «Сӕвӕр ыл ном Лорухамӕ, ома Ӕнӕхатыргонд, уымӕн ӕмӕ Ӕз нал ныббардзынӕн Израилы адӕмӕн, нал сын ныххатыр кӕндзынӕн. 7Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».

8Лорухамӕйы риуӕй куы фӕиртӕста, уӕд та Гомер басывӕрджын ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта. 9Уӕд Дунедарӕг загъта: «Сӕвӕр ыл ном Лоамми
Ацы ном нысан кӕны «Мӕ адӕм не стут».
, уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ адӕм не стут, ӕмӕ Ӕз нӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау».
10Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ». 11Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.
Copyright information for OssIBT2022