‏ Hosea 10

1Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.

2Фыдӕнхъӕл фесты ӕмӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты. Дунедарӕг сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕндзӕн, сӕ табуйаг дуртӕ сын фесафдзӕн. 3Нырма уал зӕгъынц: «Паддзах нын нӕй, уымӕн ӕмӕ мах Дунедарӕгӕй нӕ тӕрсӕм. Ӕниу ма нын паддзах дӕр цы сараздзӕн?»

4Ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнынц; мӕнг сомытӕ кӕнгӕйӕ, сфидар кӕнынц сӕ бадзырдтӕ. Фӕлӕ, гутонвӕды маргджын хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрзайы, уыйау талатӕ суадздзӕни сӕ раст тӕрхон. 5Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд. 6Гуымирыйӕн йӕхи та аласдзысты Ассиримӕ — стыр паддзахӕн лӕварӕн. Ефрем худинаджы бын фӕуыдзӕн, Израил йӕ фыдвӕндты тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн. 7Самари ӕмӕ йӕ паддзах фесӕфдзысты, доны сӕрмӕ доны фынк куыд ӕрбайсӕфы, уыйау. 8Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»

9Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил!

Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.
10Ӕз сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн: сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ адӕмтӕ ӕрбамбырд уыдзысты ӕмӕ сыл хъадамантӕ бакӕндзысты — дывӕрӕй тӕригъӕды кӕй бацыдысты, уый тыххӕй.

11Ефрем — ӕрмахуыр гал, най кӕныныл ахуыр у. Ӕз ын Мӕхӕдӕг йӕ нард бӕрзӕйыл ӕфсондз сӕвӕрдзынӕн ӕмӕ йӕ баифтындздзынӕн. Иудӕ хуым кӕндзӕни, Йаков та похци ласдзӕн.

12Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.

13Сымах бахуым кодтат тӕригъӕд ӕмӕ ӕркарстат фыддзинад, мӕнгдзинады дыргътӕ хордтат. Уымӕн ӕмӕ уӕхи фӕндыл, уӕ бирӕ хӕстонтыл дардтат уӕ зӕрдӕ. 14Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ. 15Уый уын фӕпайда уыдзӕн Вефил уе стыр фыдракӕндты тыххӕй. Куыддӕр хур скӕса, афтӕ Израилы паддзах бабын уыдзӕн.
Copyright information for OssIBT2022