Hosea 11
1«Израил ма саби уыди, афтӕ йӕ бауарзтон Ӕз, Мысырӕй рахуыдтон Мӕ фырты. 2Цас фылдӕр сидтӕн израилӕгтӕм, уыйас мӕ сӕхи дарддӕр ластой, нывӕндтӕ хастой Баалтӕн ӕмӕ буд сыгътой гуымирытӕн. 3Ӕз къахӕй цӕуын сахуыр кодтон Ефремы, Мӕ къухтыл ӕй хастон, уый та ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, Ӕз ӕй кӕй дзӕбӕх кӕнын, уый. 4Зӕрдӕхӕларӕй, уарзгӕйӕ сӕ размӕ кодтон. Сӕ бӕрзӕйӕ сын се’фсондз систон, ӕргуыбыр сӕм кодтон, цӕмӕй сӕ бафсадон, уый тыххӕй. 5Мысырмӕ сын аздӕхӕн нал ис, фӕлӕ Ассири суыдзӕни сӕ паддзах, уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Мӕныл. 6Сӕ сахартӕ карды амӕттаг бауыдзысты, сӕ кулдуӕртты ӕвдузӕнтӕ сын ныппырх кӕндзысты, сӕ фыдвӕндтӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни. 7Се’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны. 8Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын. 9Мӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ ацӕудзынӕн, нӕ фесафдзынӕн Ефремы. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уе’хсӕн адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕн Уаз ӕмӕ сахармӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, нӕ бацӕудзынӕн». 10Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты. 11Ӕрбатӕхдзысты йӕм мӕргътау Мысырӕй, бӕлӕттау — Ассирийӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. 12Ефрем Мыл хинӕй цӕуы, Израил — сайдӕй, фӕлӕ Иудӕ Хуыцауимӕ ис, Уаз Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы.
Copyright information for
OssIBT2022