Hosea 12
1Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ. 2Фӕлӕ Дунедарӕг Иудӕимӕ дӕр тӕрхон кӕны. Уый Йаковы йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзӕн. 3Йӕ мады гуыбыны дӕр йе’фсымӕры зӕвӕтмӕ лӕбурдта, куы бахъомыл ис, уӕд та Хуыцауимӕ хъӕбысӕй хӕцыд. 4Уый зӕдимӕ хӕцыд ӕмӕ фӕуӕлахиз, лӕгъстӕ йын кодта, йӕ цӕссыг калгӕйӕ. Дунедарӕг ӕй ссардта Вефилы ӕмӕ уым ныхас кодта немӕ. 5Дунедарӕг та у Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Дунедарӕг — Йӕ ном. 6Уӕдӕ раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йын Йӕ раст тӕрхоныл ӕууӕнд, дӕ зӕрдӕ дар кӕддӕриддӕр Хуыцауыл. 7Хананейаг йӕ сайаг тӕрӕзтимӕ уарзы ӕфхӕрын, 8Ефрем та дзуры: «Схъӕздыг дӕн ӕз, бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодтон, фӕлӕ мӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд — ницы фыдракӕнд, ницы тӕригъӕд мӕм ис!» 9Фӕлӕ Ӕз, Дунедарӕг, Мысыры зӕххыл ма куы уыдыстут, уӕдӕй абоны онг дӕн дӕ Хуыцау, ӕмӕ дӕ Ӕз, бӕрӕгбоны-иу куыд уыдис, афтӕ ногӕй халагъудты ӕрцӕрын кӕндзынӕн. 10Ӕз пехуымпартӕн хъусын кодтон Мӕ ныхас, бирӕ цӕстылуайӕнтӕ сын ӕвдыстон, пехуымпарты уылты ӕмбисӕндтӕ хастон. 11Галаады фӕзынди фыддзинад, йӕ цӕрджытӕ дзӕгъӕл змӕлдыл систы. Гилгалы нывондӕн хастой галтӕ, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ, быдыры ауӕдзыл цы дуррӕдзӕгъдтӕ самайынц, уыдонау суыдзысты. 12Йаков алыгъди Сиримӕ, ирӕды сӕрмӕ фыййауӕй фӕцыди Израил. 13Пехуымпары руаджы Дунедарӕг Израилы ракодта Мысырӕй, пехуымпары руаджы йыл дардта Йӕ арм. 14Ефрем тынг смӕсты кодта Дунедарӕджы йӕхимӕ, ӕмӕ йын Дунедарӕг, цы туг ныккалдта, уый тыххӕй аккаг фӕуыдзӕни, фидиссаг ӕй фӕкӕндзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022