Hosea 13
1Ефремӕн-иу йӕ ныхас куы райхъуыст, уӕд-иу адӕмыл ризӕг бахӕцыд. Стыр кад ын уыд Израилы, фӕлӕ Баалы тыххӕй азымджын фӕци ӕмӕ бабын ис. 2Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ. 3Уымӕ гӕсгӕ уыдон райсомы мигъӕй, ӕртӕхӕй уӕлдай нал уыдзысты; мусы зыгуымау, тохынайы фӕздӕгау ӕрбайсӕфдзысты. 4Фӕлӕ Ӕз дӕн Дунедарӕг, Мысырӕй ардӕм — уӕ Хуыцау. Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцау ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг нӕй. 5Ӕз уыл аудыдтон ӕдзӕрӕг быдыры, хурсыгъд зӕххыл. 6Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой. 7Уӕдӕ сын Ӕз суыдзынӕн домбайау, сӕ размӕ бабаддзынӕн фыранкау. 8Мӕхи-иу сыл ныццӕвдзынӕн, Йӕ лӕппынты кӕмӕн байсынц, уыцы мадӕл арсау, сӕ риутӕ сын рӕдувдзынӕн фӕйнӕрдӕм, ныхъуырдзынӕн сӕ мадӕл домбайау, хъӕддаг сырдтӕ сӕ аскъуындзысты. 9Дӕхи бабын кодтай, Израил, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ, дӕ иунӕг ӕххуысгӕнӕджы ныхмӕ, рацыдтӕ. 10Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ». 11Мӕ маст уӕм куы рафыхт, уӕд уын паддзахы радтон ӕмӕ, куы смӕсты дӕн, уӕд уын ӕй фӕстӕмӕ айстон. 12Рох нӕу Ефремы фыдракӕнд, йӕ тӕригъӕд нӕ ферох ис. 13Йӕ арын афон ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ ӕнӕмбаргӕ сывӕллон у, ӕмӕ йын не’нтысы ныййарын. 14Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз. 15Йе’фсымӕртӕй уал амондджындӕр зынӕд, фӕлӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй фӕзындзӕн скӕсӕйнаг дымгӕ, Дунедарӕджы дымгӕ, ӕмӕ йӕ суадоны цӕст бахус уыдзӕн, йӕ донгуырӕн ӕрбайсӕфдзӕн; йӕ хӕзнадоны йын иунӕг хӕзна дӕр нал ныууадздзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022