‏ Hosea 14

1Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.

2Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.

3Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн. 4Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».

5«Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын. 6Ӕз Израилӕн суыдзынӕн ӕртӕхау, ӕмӕ дидинӕг скалдзӕни кӕркусӕгау, ливайнаг кедрау йӕ уидӕгтӕ ауадздзӕни зӕххы. 7Алы ран сзайдзысты йӕ талатӕ, срӕсугъд уыдзӕн оливӕ бӕласау, Ливаны бӕлӕстау йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы хъардзӕн.

8Йӕ быны чи царди, уыдон раздӕхдзысты фӕстӕмӕ, хорарӕхӕн суыдзӕни сӕ цард, сӕнӕфсиры зӕнгау дидинӕг скалдзысты, Ливаны сӕнау сӕ кой айхъуысдзӕни дардыл.

9Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй». 10Куырыхон чи у, уый уыдӕттӕ бамбарӕд, ӕмбаргӕ чи у, уый сӕ базонӕд. Дунедарӕгӕн раст сты Йӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сыл рӕстудтӕ цӕудзысты, ӕнӕхуыцӕуттӕ та сыл фӕкӕлдзысты.
Copyright information for OssIBT2022