Hosea 2
1Уе’фсымӕртӕм дзурут «Мӕ адӕм», уӕ хотӕм — «Хатыргонд». 2Дзуапп ӕрдомут уӕ ныййарӕг мадӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕ бинойнаг нӕу, Ӕз та нӕ дӕн йӕ сӕрыхицау. Йӕ хъахбай митӕ ныууадзӕд, хъазинаг ма аразӕд йӕ риуӕй. 3Науӕд ӕй Ӕз, йӕ райгуырды бон куыд уыди, афтӕ мадард бӕгънӕг скӕндзынӕн ӕмӕ йӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, доны’ртах ӕм нал ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дойныйӕ мӕлдзӕни. 4Йӕ цотӕн дӕр хатыр нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ хъахбайы цот сты. 5Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт. 6Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн. 7Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд». 8Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта. 9Уый тыххӕй Ӕз тыллӕг афон фӕстӕмӕ байсдзынӕн мӕ хор, куы сцӕттӕ уа, уӕд — Мӕ сӕн; фӕстӕмӕ байсдзынӕн Мӕ къуымбил ӕмӕ гӕн, йӕ бӕгънӕг буар кӕмӕй ӕрӕмбӕрзы, уыдон. 10Ӕз ын ныр йӕ худинаг йӕ хӕзгулты раз раргом кӕндзынӕн, ӕмӕ Мын ӕй Мӕ къухӕй ничиуал байсдзӕн. 11Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн. 12Ӕз ын сафтид кӕндзынӕн йӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ йӕ легъуи бӕлӕстӕ, йӕ хӕзгулты лӕвӕрттӕ кӕй хуыдта, уыдон. Хъӕды пыхсбынтӕ сӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ аныхъуырдзысты. 13Баалы гуымирытӕн буд кӕй сыгъта, уый тыххӕй йӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн. Йӕхи-иу хъусцӕджытӕ ӕмӕ фӕрдгуытӕй сфӕлыста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕзгулты фӕдыл зылди, Мӕн та-иу рохуаты ныууагъта, — зӕгъы Дунедарӕг. 14Уымӕ гӕсгӕ йӕ Ӕз ныр Мӕхӕдӕг ӕдзӕрӕг быдырмӕ ахондзынӕн, фӕлмӕн ныхас кӕндзынӕн йемӕ. 15Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ. 16Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — ды Мӕн схондзынӕ дӕ сӕрыхицау, мӕ Хицау, зӕгъгӕ, нал дзурдзынӕ Мӕнмӕ. 17Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн. 18Уыцы бон Ӕз быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон хилӕгойты адӕмимӕ бафидауын кӕндзынӕн; уыцы зӕххыл кард, ӕрдын ӕмӕ хӕстӕн сӕ кой дӕр фесафдзынӕн, ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй. 19Мӕхицӕн дӕ усаг зӕгъдзынӕн мыггагмӕ — рӕстад ӕмӕ рӕстдзинады, уарзондзинад ӕмӕ хорзӕхы бындурыл. 20Иузӕрдионӕй дӕ усаг зӕгъдзынӕн Мӕхицӕн, ӕмӕ ды базондзынӕ Дунедарӕджы. 21Уыцы бон Ӕз ратдзынӕн дзуапп, — зӕгъы Дунедарӕг, — арвӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ зӕххыл къӕвда ӕруадздзӕни. 22Зӕхх ратдзӕнис хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой. Ӕмӕ афтӕмӕй дзуапп ратдзынӕн Изреелӕн. 23Мӕхицӕн ӕй байтаудзынӕн зӕххы, ӕмӕ уӕд Ӕнӕхатыргондӕн ныббардзынӕн. Мӕн чи нӕу, уыцы адӕмӕй Ӕз зӕгъдзынӕн «Мӕ адӕм», уыдон та Мын зӕгъдзысты: «Ды — нӕ Хуыцау».
Copyright information for
OssIBT2022