Hosea 3
1Дунедарӕг мын загъта: «Цу ӕмӕ бауарз, лӕгимӕ цӕргӕйӕ ма ӕндӕр лӕгтӕм дӕр йӕ хъус чи дары, ахӕм сылгоймаджы, раст мӕнӕ, Дунедарӕг израилӕгты куыд уарзы, фӕлӕ ма уыдон уӕддӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕм сӕ хъус куыд дарынц ӕмӕ сын сӕ чисмисджын гуылтӕ куыд уарзынц, уыйау». 2Ӕмӕ ӕз мӕхицӕн балхӕдтон сылгоймаджы, фынддӕс шекелы ӕвзист ӕмӕ йыл иу ӕмӕ ӕрдӕг хомеры хъӕбӕрхор радтон. 3Загътон ын: «Бирӕ рӕстӕг цӕр мӕ хӕдзары. Дӕ хъахбай митӕ ныууадз, макӕимӕ хӕт, ӕмӕ дын ӕз дӕр афтӕ уыдзынӕн». 4Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй. 5Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Copyright information for
OssIBT2022