Hosea 4
1Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы. 2Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй. 3Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты. 4Фӕлӕ быцӕу мачи кӕнӕд, мачи макӕй дарӕд азымы. Сауджынтӕ, Ӕз азымджын кӕнын сымах! 5Боныгон фӕкӕлдзыстут уӕхӕдӕг, ӕхсӕвы та — уӕ пехуымпартӕ. Ӕз уын уӕ ныййарӕг мады дӕр бабын кӕндзынӕн. 6Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн. 7Сӕ нымӕц цас фылдӕр кӕны, уыйас Мӕ ныхмӕ фылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕнынц. Ӕз сын сӕ кад баивдзынӕн ӕгадӕй. 8Мӕ адӕмы тӕригъӕдтӕй ӕфсӕдынц, сӕ фыдракӕндтӕм сын бӕллынц. 9Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн. 10Хӕрдзысты, фӕлӕ не’фсӕддзысты; хъахбай митӕ кӕндзысты, фӕлӕ сын цот нӕ рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой. 11Хӕлд митӕ, зӕронд ӕмӕ ног сӕн сӕ царды сӕйраг систы. 12Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты. 13Хӕхты цъуппытыл нывӕндтӕ хӕссынц ӕмӕ къуыбыртыл судзынц буд — тулдз бӕласы, гӕды бӕласы ӕмӕ теревинфы бын, уымӕн ӕмӕ уыдон хорз аууон дарынц. Уӕ чызджытӕ ӕмӕ уӕ чындзытӕ дӕр уый тыххӕй схъахбай сты. 14Ӕз уын уӕ чызджыты сӕ хъахбай миты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн, стӕй уӕ чындзыты дӕр се’нӕуаг миты тыххӕй Мӕ азары хай нӕ бакӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр хъахбайтӕ стут ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр хъахбайтимӕ хӕссут, ницызонӕг адӕм та сӕфынц. 15Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут. 16Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза? 17Гуымирытыл баст у Ефрем — йӕхи уагыл ӕй уадз! 18Нуазын ӕмӕ хӕтын йеддӕмӕ сын мацы ратт, сӕ фӕтӕгтӕ фидиссаг митыл бафтыдысты. 19Дымгӕ сӕ куы ныффӕйлауа, уӕд сӕ нывӕндтӕй фефсӕрмы уыдзысты.
Copyright information for
OssIBT2022