‏ Hosea 5

1Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.

2Змӕнтджытӕ сӕ хъахбай миты аныгъуылдысты, ӕмӕ Ӕз се’ппӕты дӕр бафхӕрдзынӕн. 3Ӕз зонын Ефремы, Израилы дӕр уынын: схъахбай дӕ, Ефрем; йӕхи фӕчъизи кодта Израил.

4Се’лгъаг митӕй сӕ не’вдӕлы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ хъахбайдзинад сӕ туджы ахызти, Дунедарӕджы нӕ базыдтой.

5Израилы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы йӕ хирвӕссондзинад. Израил ӕмӕ Ефремы сӕ тӕригъӕдтӕ бабын кӕндзысты, Иудӕ дӕр бабын уыдзӕни семӕ. 6Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни. 7Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ дзӕгъӕлзад цот ныййардтой. Сӕ мӕйногтӕ сӕ ныр ӕд зӕххытӕ аныхъуырдзысты.

8Сыкъауадындзӕй ныууасут Гевӕйы, хӕтӕлӕй — Рамайы, ныффӕдис кӕнут Бет-Авены: «Дӕ фӕдыл, Бениамин!»

9Мӕ азары бон Ефрем ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Уый Израилы хӕдзарвӕндӕгты’хсӕн хъусын кӕнын Ӕз. 10Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау! 11Ссӕст у Ефрем, ӕфхӕрд баййӕфта тӕрхонӕй — гуымирыты фӕдыл адзӕгъӕл ис. 12Ӕз рӕмпӕг фестдзынӕн Ефремӕн, Иудӕйӕн йӕ хъӕдгӕмтты цъӕй миздзӕн.

13Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни. 14Уымӕн ӕмӕ Ӕз домбайау Мӕхи ныццӕвдзынӕн Ефремыл, домбайы лӕппынау — Иудӕйыл, фӕлӕбурдзынӕн сӕм, аскъуыдтӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕни. 15Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.
Copyright information for OssIBT2022