Hosea 7
1Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц. 2Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй! 3Сӕ фыдракӕндтӕй паддзахы зӕрдӕ бахъӕлдзӕг кӕнынц, сӕ фӕливӕнтӕй ирхӕфсынц сӕ фӕтӕгты. 4Се’ппӕт дӕр схъахбай сты, хыссӕ цалынмӕ хӕрдмӕ цӕуы, уӕдмӕ кӕрдзынгӕнӕг цы зынг пец фӕуадзы, уыйау — арт цырен кӕнын нал хъӕуы! 5Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта. 6Уымӕн ӕмӕ уыдон цъӕх арт уадзынц кӕрдзынгӕнӕджы пецау, мӕнгарддзинадӕй семыдзаг сты: ӕхсӕвыгон сӕхи ӕвдисынц зӕрдӕхӕларӕй, райсомӕй та сӕ фыдӕх пецау ссудзы. 7Се’ппӕт дӕр пецау сзынг сты ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнджыты ныхъуырынц. Паддзӕхтӕ сӕ амӕттаг фесты, фӕлӕ сӕ иу дӕр Мӕн нӕ агуры. 8Ефрем иннӕ адӕмтимӕ йӕхи сбаста. Ефрем сси, ӕрфӕлдахын кӕй ферох кодтой, уыцы кӕрдзынау. 9Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ хъару басастой, уый та йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Йӕ сӕрыхъуынтӕ сурс сты, уый та йӕ нӕ фиппайы. 10Израилӕгтӕн сӕ хирвӕссондзинад сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы, фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, нӕ раздӕхтысты ӕмӕ Йӕ не’рцагуырдтой. 11Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы. 12Куы араст уой, уӕд сыл Ӕз Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, уӕларвон мӕргътау сӕ расхойдзынӕн дӕлӕмӕ; бафхӕрдзынӕн сӕ, дзыллӕйы раз сын куыд загъдӕуыди, афтӕ. 13Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой! 14Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се’ргом аздӕхтой. 15Ӕз сын зонд амыдтон ӕмӕ архайдтон, цӕмӕй фӕфидардӕр уой, ууыл, уыдон та фыдвӕндтӕ арӕзтой Мӕ ныхмӕ. 16Се’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.
Copyright information for
OssIBT2022